Брюсселы НАТО-йы фæсарæн хъуыддæгты министртæ æрымбырд сты. Министериалы хайадисджытæм раныхасæй басидтис цæгататлантикон альянсы генералон нымæрдар Йенс Столтенберг.
29 бæстæйы сæйраг дипломаттæ, 2 боны дæргъы æруынаффæ кæндзысты альянсы раз уæвæг сидтыты æмæ организацийы фидæны плæнтты фæдыл.
Уынаффæйы с æйраг фарстыты нымæцы иуæй-иу сæйраг у НАТО-йы гом дуары политикæ. Фембæлдыл æмцæдисонтæ æркæсдзысты аспирант бæстæтæн æххуысы бæрцы райрæзын кæныны фадæттæ.
Афтæдæр сырæздзæн НАТО-Гуырдзыстоны камисы рабадт, кæцыйы хайад райсдзæн Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Михеил Джанелидзе.
АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Рекс Тиллерсон фембæлд сараздзæн Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министримæ. Рагафойнон хъусинæгтæм гæсгæ, ацы бадзырдтыл, Рекс Тиллерсон ноджы иу хатт сбæлвырд кæндзæн уый, цæмæй Вашингтон йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны НАТО_йы рæнъхытæм райстæн.
Плангонд у Михеил Джанелидзейы фембæлд туркаг коллегæ Мевлут Чавушогълуимæ.
Æддæ хъуыддæгты министериал Брюсселы дыууæ бон аххæссдзæн. НАТО-йы генералон нымæрдар куыд расидтис афтæмæй, бадзырдты фыццаг бон цæгататлантикон альянсы æмæ евроцæдисы æмгуыстады фарстытыл фæтæрхон æндзысты. Æмццæдисонтæм баиу уыдзæн Евроцæдисы Иууылбæрзонд камисар æддаг æмæ æдасдзинады фарстыты Федерика Моггерини æмæ альянсы уæнг чи нæу ахæм бæстæты Швецийы æмæ Финляндийы фæсарæн хъуыддæгты министртæ.
Боны дыккаг æрдæджы министртæ æркæсдзысты глобалон сидтытæ, сæ нымæцы Цæгат Кореяйæ цæугæ тасы фæдыл.
Министериалы дыккаг бон, уазджытæ терроризмимæ тохы фарстытыл фæныхас кæндзысты. Ацы æрдгæй альянс хъавы баххуыс кæна Тунис æмæ Иорданийæн хæдиргъæфы фæтыхджындæр кæныны. Афтæдæр фæуынаффæ кæндзысты цæмæй цы роль сæххæст кæндзæн НАТО Иракы фидæны, уый фæстæ ацы бæстæйы «Исламы Паддзахад» фæстагмæ саст куы æрцæудзæн уæд.
Министериалы кæрон, НАТО-йы генералон нымæрдары фидæн азы июлы Брюсселыв плангонд саммиты лого бавдисдзысты.