Брюселы абон Натойы министериал байгом
29-бæстæйы сæйраг дипломаттæ, дыууæ боны дæргъы цæгат атлантикон альянсы раз уæвæг расидæнтæ æмæ организацийы фидæн плæнттыл фæуынаффæ кæндзысты. Бакæсинаг фарстаты æхсæн иуæй иу Натойы гом дуары политикæ уыдзæн. Фембæлдыл хайадисджытæ бакæсдзысты аспирнат бæсæтты фарсылхæцыны рæзты фадаттæ. Афтæ дæр, сырæздзæн Нато-Гуырдызстоны комисы рабадт, кæцыйы Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министр райсдзæн хайад. АИШ-ы паддзахадон департаменты сидынц, цæмæй Брюселы министериалы фæлгæтты, АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Рекс Тиллерсон фембæлдзæн Гуырдзыстоны æттаг хъуыдтæгты министрыл. Ахæлиугонд информацийæ, Тиллерсон ноджы иу хатт сбæлвырд кæндзæн, цæмæй АИШ Гуырдзыстоны Натомæ интеграцийæн йæ фарсыл хæцы. НАТО-йы генералон нымæрдары специалон минæвар Фæскавказ æмæ Централон Азийы Джеймс Аппатурайи, Фыццаг Каналимæ ныхасы рæстæджы комментари сарызта цæугæ къуырийы НАТО-йы министериалы фæлгæтты гом дуары политикæйы фæдыл плангонд уынаффæйыл.
Аппатурайиы дзырдæй, НАТО-ы бæстæты фыццаг дипломаттæ, аспирант бæстæтæн æххуыс адарддæр кæныныл æмæ реформæты баахъаз кæныныл фæтæрхон кæндзысты.