Британийы рагысгарæг куыст – Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады фæнды, сæхæдæг сконтрол кæной компенсацитæ бафыст Украинайы фæмардуæвæг æфсæддæтты бинонтæн, цæмæй зианы реалон масштаб басусæг кæной
Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады фæнды, сæхæдæг сконтрол кæной компенсациты бафыст Украинайы фæмардуæвджыты бинонтæн, цæмæй реалон зианы бæрц басусæг кæной – уый фæдыл дзырдæуы Стыр Британийы хъахъхъæнынады уагдоны рагысгарæгон хъусинæгты.
«Уæрæсейы хъахъъæнынады министрады æнхъарæнæй, æмбæстагон чиновниктæ нæ фæлæ æфсæддæттæ хъуамæ контрол кæной фæмардуæвæг æфсæддæтты ибнонтæн компенсациты бафыст. Уый гæнæн ис зианы реалонмасштаб басусæг кæнынæн уа» – дзырдæуы рагысгарæгон информацийы.
Уымæй дарддæр ма, сæ информацийæ, Уæрæсейы Федераци тынг чысыл æнтыстмæ æрцыд, бырсты фокус Донбассы оккупацийыл саразын куы ахицæн кодта уый фæстæ. Хъæугæ логитсикон æмæ хæстон æххуысæй цух рахатинаг æнтыстыл ныхас гæнæн нæй.
Уæрæсейы уынаффæ, штурмы бæсты блокировкæ скодтаит «Азовсталы» завод, йæ хъуыдыйы дары Мариуполы бирæ дæлхайад арæн скæнын, сæ дислокацийы ивдæй цух.
Рагысгарæгон хъусинæгтæй, украинаг хъахъхъæнджытæ, стыр зиан рхастой уырыссаг дæлхайадтæн æмæ сæ хæцæн фæрæзтæ фæлæмæгъ кодтой.