Британийы æфсæддон рагысгарæг куысты информацийæ, украинæгтæ дарддæр кæнынц Харьковы регионы, уырыссаг тыхьтæй уæгъд кæнын
Британийы æфсæддон рагысгарæг куысты информацийæ, фæстаг 24 сахаты дæргъы Украинайы æфсæддæ дарддæр кæнынц Харьковы регионы нысаниуæгджын территориты сæхимæ здахын. Фæнысангонд хъусинагæй, бæрæг куыд у афтæмæй, Уæрæсе йæ иугæндтæ Харьковы регионæй акодта, фæлæ тох дарддæр кæны стратегионæй ахсджиаг горæтты, Купянскы æмæ Изюмы алыварс.
Уыимæ, Британийы хъомысджын уагдоны информацийæ, Путины фидиуæн, ома августы фæстæ Украинайæ экспортиргонд æрмæст 60 тоннæ хор æрцыд æрвыст рæзгæ бæстæтæм, æрмæст экспорты фылдæр хай Евроцæдисы бæстæтæм бацыд, раст нæу. Уагдоны дзурынц, цæмæй ИНО-йы бæрæггæнæнтæй, 30%-ы бæрц лæвæрд цæуы ныллæуг æмæ астæуккаг æфтиагджын бæстæтæм Африкæйы, Азийы æмæ Æввахс Сксæны.
Рагысгарæг куысты банысан кодтой, цæмæй Уæрæсе æххæст кæны дезинформацийы политикæ, цæмæй хæлцадон æдасдзинады проблемæтыл бæрн æвæрд æрцæуа Украинайыл, дискредитаци йæ скæна æмæ минимумы онг фæкаддæр кæна бæстæйы ныхмæлæудхъомад.