Бритайнаг сноубордист дыууæ бонмæ  дыууæ травмæ райста
Бритайнаг сноубордист дыууæ бонмæ дыууæ травмæ райста

Пхенчханы  зымæджы    олимпиадæйы   сноуборды   ерыс гæнæн ис  иуæй-иу  фаовриты,  бритайнаг    Кетти  Ормеродæй цухæй  ацæуа.   Æртыццæджы   фæлтæрæнты рæстæджы  арм базиан кæныны фæстæ,    кæцы  уæвæг информацийæ,   спортсмены   ерысы  хайад райсыны нæ бахъыгдарттаит, Ормерод   ноджы иу  травмæ  цыппæрæмы   райста,  фæлæ   нырма бæрæг нæу,  цас  серьозон у.

Сноуборды  квалификацион    этап сылгоймæгты æхсæн   хуыцаубоны,  11   февралы   ацæудзæн.

Кетти Ормерод у фыццаг бритайнаг  кæцы ивгъуыд азы Мæскуыйы  уагъд   дунейы чемпионатыл   сыгъзæрин майдан рамбылдта, экстремалон   хъæзтыты та  бронзæ   призер æссис.