Бритайнаг пресса- Меркелы эпохайы фæуд, куыд Европайы стабилондзинады тæссагдзинад

Бритайнаг пресса- Меркелы эпохайы фæуд, куыд Европайы стабилондзинады тæссагдзинад. Британийы, алы зындгонд газет, редакцион статья Германийы уæвæг политикон кризисыл аразы. Германийы канцлер, Ангела Меркель æнæхъæлæджы зын ситуацийы разынд, хицаугæнæг коалицийы формирдзинады фæдыл бадзырдтæ фехæлдысты – «Æвзæр хабæрттæ Европайæн» -фыссы Times. Статьяйы ис дзырд, цæмæй Меркелы фарсылхæцындзинад куы нæ уа, уæд Макроны сывзæрсты фæстæ Францы, Франц-Германийы динамикон фидæн фехæлдзæн. Фыссы Times. Daily Telegraph Германийы кризис схуыдта, алкæмæй æнтыстджын политикыл æрылхъывдæй. «Бритайнæгтæ сæ ныфсытæ Меркелимæ бастой æмæ Евроцæдисæй дыууæфарсон æфтиагыл нымад ахицæныл ныфсытæ дарын. Меркелæн ныр сæрмагонд проблемæтæ ис» -фыссы Daily Telegraph. Financial Times – бахха кодта бритайнаг политикты ныфсытæ Германийы канцлер Евроцæдисимæ æммахастытæ фæхуыздæр кодтаит æмæ процесс ноджы фенцой кодтаит, фæлæ газет фыссы, цæмæй сæ ныфсытæ æнæхъуаджы сты.