Борис Писториус -  Германи  Украинамæ æфсад арвитын нæ хъавы, фæлæ бæстæйы æфсад  2029 азмæ,  цæттæ  хъуамæ уа  хæстмæ
Борис Писториус - Германи Украинамæ æфсад арвитын нæ хъавы, фæлæ бæстæйы æфсад 2029 азмæ, цæттæ хъуамæ уа хæстмæ

Германи нæ хъавы  Украинамæ æфсæддæ арвитын, фæлæ  Гермнийы  æфсад  2029 азмæ  цæттæ хъуамæ уа  хæстмæ, – уый фæдыл Германийы  хъахъхъæнынады министр Борис Писториус  райхъусын кодта.

«Мах хъуамæ  архайæм, куыд  чи фæурома  амæ, цæмæй нæхи аиуварс кæнæм сегасдæр æвзæрæй.   Уæлвæтк  уавæрты  нæ  хъæуы  тыхджын æвзонг  сылгоймæгтæ æмæ нæлгоймæгтæ, кæцытæн сæ бон у  бæстæйы сæрыл рахæцын», – банысан кодта Германийы хъахъхъæнынады уагдоны къухдариуæггæнæг.

Борис Писториусы фидиуæнæй, æнæмæнгхъæугæ у æфсæддон службæйы ног формæ, кæцы нæй  гæнæн æххæстæй  уæгъдибар уа  хæсистытæй.

Германийы федералон хицауад  2011 азы æфсадмæ асидт  баурæдта.  Немыцаг медиайы информацийæ, Борис Писториус, æнъæлцау тагъд  бавдисдзæн  æнхъарæн асидты сног кæныны фæдыл.