«Борджгалоснеби»-тæ Нагойайы Дунейы кубокмæ цæттæдзинадмæ рывнæлдтой
Иу къуырион фæлтæрæнты фæстæ Токушимайы лагерæй «борджгъалосани»-рацыдысты æмæ Нагойямæ ныццыдысты, цы ран 2019 азы Дунейы кубокы фыццаг матчæ цæттæ кæнын адарддæр кæндзысты.
Æмбырдгонды дебютон фембæлд 23 сентябры, Гуырдзыстоны рæстæгæй 14:14 сахатыл Тойотайы, Уэлься æмбырдгонды ныхмæ уыдзæн.
Токушимайы æмбырдгондæн фæстиуæглджын, æндæр æмæ æндæр активондзинæдтæй едзаг период уыд. Префектурæйы къухдариуæгад æмæ цæрджытæ нæ æмбырдгондыл тынг хъарм амæблдысты æмæ бацæттæ кæнынæн сегасæй хуыздæр уавæртæ сарызтой. 13 сентябры Японийы топ лигæйы бынæттон клуб «Хонда Хит»-имæ иумæйаг фæлтæрæн дæр ауагъдтой.
Нагойямæ ныццæуыны фæстæ, Борджалосантæ дунейы кубокы фæлгæтты фыццаг пресс-конефренци раттой. Сæйраг тренер Милтон Хейг, балы капитан Мераб Шарикадзе æмæ æмбырдгондмæ æрыздæхгæ стъалы Мамука Горгодзе, жуналистты фарстытæн сдзуапп кодтой.