Болгарийы минæвар – ног геополитикон уавæр бахахх кодта Евроцæдисы æмæ Гуырдзыстоны æнгом æмгукыстады нысаниуæг, мах стæм ауæрæхы фидар фарсдарæг

16:47, 11.04.2023

Гуырдзыстоны   парламенты фæсарæн ахастыты   комитет Гуырдзыстоны  акредиатцион минæвæрттæм   хъусын дарддæр кæны.   Комитеты  абоны  рабадтыл   депутаттæ  Гуырдзыстоны  Болгарийы сæрмагонд æмæ æххæстбарджын  минæвармæ, Веселин  Валкановмæ  хъуыстой.

Дипломат  дыууæфарсон   ахастытыл,  Болгарийы  æддагон политикæйыл æмæ Сау Денджызы  æдасдзинады æрдæмадæй  сæрмгаонд бæстæйы   цæстæнгасыл фæныхас кодта.

«Ног геополитикон   уавæр   бахахх  кодта Евроцæдисы æмæ ныгуылоæн   Балканты, Гуырдзыстоны, Украинайы æмæ Молдовæимæ æнгом   æмгуыстады  нысаниуæг.   Ауæрæхы  ног масштаб æвзæрын кæны  ног  фадæттæ æмæ   уый  тыххæй   стæм   ауæрæхы  фидар  арсхæцæг», –   загъта Веселин Валканов.

Минæвар Сау Денджызы  æдасдзинады  фарстатыл  фæныхас кодта. Йæ  дзырдæй,  зæгъгæ Уæрæсейы   æндæвдад  Сау Денджызы   регионы  сарызта  æдасдзинады  нысаниуæгджын  проблемæтæ, куыд НАТО-йы  уæнг бæстæтæн, афтæ   æндæр бæстæтæн.

«Украниайы   айтынггонд фæзындты фæстиуæгæн, Сау Денджызмæ лæвæрд  уыд   фылдæр нысаниуæг. Сау Денджыз   нымад хъуамæ  цæуа куыд Европаг   æдасдзинады  системæйы скæнæг  хай, уымæн æмæ  уый  æххæст кæны стратегион роль   энергокъæлидорты цæстæнгасæй.   Нæ приоритет у   стынг кæнæм НАТО-ы  уромыны фæдыл  политикæ  æмæ   иргъæфхъомад. Гуырдзыстон НАТО-йы  ахсджиаг партнер у æмæ удцырын у цæмæй НАТО фылдæр сараза  Гуырдзыстоны   фæразондзинад стынг кæнынæн», –  райхъусын кодта  дипломат.

Йæ дзырдæй  зæгъгæ Болгари  цыт кæны Гуырдзыстоны  тыхархайдæн Кавказы  æмæ Сау Денджызы   бассейны   регионы  бахъахъхъæна стабилон, æдас  уавæр.

Информаци хъусын кæны Гуырдзыстоны парламенты пресс-куыст.

 

Хуыздæр