Болгарий æрсидтис Уæрæсемæ, бæстæмæ Сырх Армийы бацыд «ссæрибар кæнынæй» ма схона
Болгарий æрсидтис Уæрæсемæ бæстæмæ Сырх Армийы бацыд «ссæрибар кæнынæй» ма схона.
Болгарийы фæсарæн хъуыддæгты министрад официалонæй баздæхт Софияйы Уæрæсейы минæварадмæ æмæ сæм æрсидтис, цæмæй 1944 азы Болгаримæ Советон тыхты бацыд, «Даууаг историон термин – Ссæрибар кæнынæй» мауал схона».
Æмбæлон фидиуæн Болгарийы фæсарæн хъуыддæгты министрады веб-фарсыл æрцыд публикацигонд. Ахæм фидиуæны аххос у Софияйы 9 сентябрмæ плангонд равдыст, кæцыйы номхуынд у «75 аз скæсæн Европæйы, нацизмæй ссæрибар кæныны фæстæ».
«Нацизмы скуынæгы хъуыддаджы Советон Цæдисы хайбавæрд нæ рох кæнæм, фæлæ ма хъуамæ бацъынд кæнæм цæст уыцы фактыл, цæмæй Советон æфсады «аудындзинад» Централон æмæ Скæсæн Европæйы адæмтæн æрдæгæнусон репресситæ, æмбæстагон хизонындзинады ныххудуг кæнын, экономикон рæзынады деформаци æрхаста æмæ Европаг бæстæты рæзынады процессы динамикæйæ расъкуыдта», – дзырдæуы фидиуæны.
Уæрæсейы минæварад дзуаппон фидиуæн ахæлиу кодта, кæцыйы мидæг дзырдæуы, цæмæй уыдон «дисы æфтыд» сты Болгарийы фæсарæн хъуыддæгты министрады сидты тыххæй.