Богдан Ауреску – Еврокомиссийы аргълæвæрдыл рагафон дзурын нæ бон нæу, ныфс дарæм, Гуырдзыстоны хицауад серьозон ахаст дары хæслæвæрдмæ, сараза хъæугæ къахдзæфтæ рекомендациты дзуаппæн
Румынийы фæсарæн хъуыддæгты министр Богдан Аурескуйы фидиуæнæй, зæгъгæ йæм ныфс ис, Гуырдзыстоны хицауад серьозон ахаст дардзæн йæ хæсистмæ, ома сыххæст кæна хъæугæ къахдзæфтæ Еврокомиссийæ лæвæрд рекомендациты дзуаппæн.
Афтæма йе дзырдæй, зæгъгæ ныфс дары, Еврокомиссийы аргълæвæрд уыдзæн фæндагамонæг фидæны реформæтæм æмæ уыцы аргълæвæрдтæ райсынмæ, куыд уыд Украинайы æмæ Молдовæйы цауы.
«Цæй зæгъын æй хъæуы, рагафон нæу нæ бон Еврокомиссийы уыцы аргълæвæрдыл уынафæ кæнын, кæцы публикацигонд уыдзæн, фæлæ ныфс дарæм, цæмæй Гуырдзыстон хицауад серьозон ахаст дары ацы хæслæвæрдмæ, цæмæй сыххæст кæна хъæугæ къахдзæфтæ Еврокомиссийæ лæвæрд рекомендациты дзуаппæн. Ныфс мæ ис ацы аргълæвæрд уыдзæн æххуысгæнæг, зæгъæм фæндагамонæг фидæны реформæтæм æмæ уыцы аргълæвæрд райсынмæ, цахæм дæр уыд æндæр бæстæты – Украина æмæ Молдовæйы цауы», – банысан кодта Богдан Ауреску.