Бюллетенты 80 проценты бахыгъды фæстæ, Украинæйы президентон æвзæрстыты Владимир Зеленский, хъæлæсты 73,09 райста
Украинæйы Централон Æвзарæнон камисы бæрæггæнæнтæй, бюллетенты 80,78 проценты бахыгъды фæстæ, президентон æвзæрстыты дыккаг туры Владимир Зеленский, хъæлæсты 73,09 процент æрымбырд кодта.
Украинæйы ЦÆК-ы информацийæ, ацы рæстæджы бæрæггæнæнтæй, архайæг президент, Петро Порошенко райста 24,57 проценты.
Владимир Зеленский, Львовæй цухæй алы регионы рамбылдта Петро Порошенкойæн.
Владимир Зеленскийы штабы хъусын кæнынц, цæмæй æвзæрстытыл аиппыты фæдыл 1475 тхъусинаг сæм бацыд. Сæ фылдæр баст уыдысты хъæлæскæныны процессы техникон равгы хæлдтимæ.
Украинæйы ЦÆК-ы фидиуæны та дзырдæуы, цæмæй æвзæрстытæ массон хæлдтытæй цухæй ацыд. Афтæма ЦÆК-ы сбæлвырд кодтой информци, цæмæй иуæй-иу фадыгыл бюллетенты дефицит уыд.
Æвзæрстгæнæн процессмæ гæсгæ, комментарий сарызтой бæстæйы мидхъуыддæгты министрады, цы ран райхъусын кодтой, цæмæй администрацион ресурсæй спайдайы æмæ бюллетенты баппарыны цаутæ не сфиксир сты.
Президентон æвзæрстыты дыккаг туры, цæрджыты активондзинад уыд 62 процент.