Бинонты сыгъдæгдзинады æмæ ныйарджытæн цыты бонмæ гæсгæ Тбилис æмæ стыр горæтты ацыд адæмон цыд.
Тбилисы 12:00 сахатыл аргъуанархайджытæ æмæ аргъуанмæ цæуджытæ Кашуеты Сыгъдæг Георгийы номыл аргъуаны æрымбырд сты, цы ран 13:00 сахатыл патриахы къæлæтджыны æмбынативæг, Сенакъы æмæ Чхороцъхъуйы митрополит Шио (Муджири) аргъуанархайджытимæ иумæ сæххæст кодта чысыл скуывд, кæцыйы фæстæ ацыд бæрæгбонон цыд ÆппæтыСыгъдæг Самебайы номыл патриархон аргъуаны æрдæм, цы ран цыды рæстæджы сыххæстис бузныгы скуывд.
Цыды хайад исынц хицауады минæвæрттæ, сæ нымæцы, Гуырдзыстоны премьер-министр Ираклий Къобахидзе, парламенты сæрдар Шалва Папуашвили æмæ сæйраг горæты мэр Каха Къаладзе.