Бинонты  сыгъдæгдзинады æмæ ныйарджытæн цыды  бонмæ гæсгæ, Тбилис æмæ стыр горæтты  ацæудзæн цыд
Бинонты сыгъдæгдзинады æмæ ныйарджытæн цыды бонмæ гæсгæ, Тбилис æмæ стыр горæтты ацæудзæн цыд

Бинонты  сыгъдæгдзинады æмæ  ныййарджытæн цыты  фæдыл  абон  Гуырдзыстоны сæйраг горæты æмæ  стыр горæтты  ацæудзæн цыд.

Гуырдзыстоны патриархийы  информацийæ, 12:00  сахатыл   аргъуанархайджытæ  æмæ  аргъуанмæ  цæуджытæ Кашуеты Сыгъдæг Георгийы номыл аргъуаны   æрымбырд уыдзысты, цы ран 13:00 сахатыл   патриархы къæлæтджыны  æмбынативæг, Сенакъы æмæ  Чъороцъхъуйы  митрополит  Шио (Муджири)  аргъуанархайджытимæ иумæ  сыххæст кæндзæн   чысыл  скуывд, кæцыйы  фæстæ  ацæудзæн   бæрæгбонон  цыд  Æппæты Сыгъдæг  Самебайы  номыл  патриархон  аргъуаны æрдæм, цы ран   цыды рæстæджы  сыххæст уыздæн   бузныгы  скуывд.

Бинонты сыгъдæгдзинады бонмæ нывонд цыд  ацæудзæн  горæт Мцхетайы  дæр.

Батумы æмæ Лазеты епархийы  хъусинагæй, 12: 00 сахаты Батумы Мады Майрæмы номыл кафедралон аргъуаны  кæрты  æрымбырд уыдзæн  адæм.  Æрымбырдуæвджытæ ауадздзысты  цыд Зубалашвилийы уынгæй   Константинне Гамсахурдиайы  уынджы уылты æмæ Батумы  ссæрибаргæнæг хæстонты  уæлмæрды цур (юнкерты   уæлмæрд) аргъуанархайджытæ  сыххæст кæндзысты  скуывд.

Абоны бонмæ гæсгæ  бæрæгбонон  цыд ацæудзæн Кутаисы дæр.

Афтæма Руставы,09:00 сахаты  ацæудзæн арфæйы цыд Хъайтарты фæзæй  Юстицийы хæдзары онг.