«Бинонты сыгъдæгдзинады æмæ фидардзинады бонмæ» гæсгæ Тбилисы абон уагъд цыд фæцис – [фото, видео]

«Бинонты сыгъдæгдзинады  æмæ фидардзинады бонмæ» гæсгæ  Тбилисы  абон  уагъд  цыд фæцис.

Цыды  хайадисджытæ, кæцытæ Филармонийы алфамбылай территорийæ рацыдысты, Уардиты Фæзы æмæ Кашуеты  аргъуаны уылты, Самебайы кафедралон   аргъуанмæ  ныццыдысты.   Цыдæн разамонæг кодтой  аргъуанархайæг уæнгтæ.

Самебайы   аргъуаны,   бинонты сыгъдæгдзинады  бонмæ гæсгæ, Æппæт Гуырдзыстоны Каталикос-Патриарх  Илья Дыккаг  бузныджы  куывд сæххæст кодта,   кæцыйыл уыдысты  аргъуанархайæг уæнгтæ æмæ   цыды  хайадисджытæ.

Скуывды  фæстæ  Патриарх  Æппæт Гуырдзыстонæн  ракуывдта æмæ  Зæрдæвæрæны  бæрæгбон раарфæ кодта.