Бидзина Иванишвили - Нæдæр Вашингтонæй æмæ нæдæр Европæйæ никæмæ ис фарстытæ 20 июны тыхæй спайдайы легитимондзинады тыххæй
Нæдæр Вашингтонæй æмæ нæдæр Европæйæ никæмæ ис фарстытæ 20 июны тыхæй спайдайы легитимондзинады тыххæй – уый фæдыл партий «Гуырдзиаг Бæллиццы» сæрдар Бидзина Иванишвили журналисттæн загъта.
Бидзина Иванишвили куыд банысан кодта афтæмæй, тыхæй спайдайы легитимондзинады тыххæй фарст рæгъмæ хаст куы æрцыдаит, уыцы цауы слæууыдаит мидхъуыддæгты министры бæрны фарста.
«20 июнæй райдайгæ, оппозици, «Националон Змæлд» йæ фарсхæцджытæ – «Европаг Гуырдзыстон» кæнæ æндæр лыстæг партитæ, кæцытæ ассоциацигонд сты «Националон Змæлдимæ», фыццаг бонæй куырдтой цæмæй Гиорги Гахариа йæ куыстæй йæхи хъуамæ суæгъд кæна. Сæ иуæй-иу æркуырд уыд уый. Нæдæр Вашингтонæй æмæ нæдæр Европæйæ никæмæ ис фарстытæ 20 июны тыхæй спайдайы легитимондзинады тыххæй. Дыккаг бон куы курынц уый, уæд алцыппæт бæрæг у. Тыхæй спайда уыд легитимон. Никæмæ ис ахæм фарст. Уый тыххæй дæр, тыхæй спайдайы легитимондзинадыл куы æрцадит хъуыддаг рæгъмæ хаст, уæд слæууыдаит мидхъуыддæгты министры бæрны фарста дæр. Никæцæй ахæм фарст нæ хъуысы. Фембæлдтæн европæгтимæ, минæвæрттимæ, зонын Вашингтоны позици. Уыцы къадртæй, кæцытæ федтой, тыхæй спайдайы легитимондзинадыл фарст никæмæ фæзындис. Уый тыххæй дæр МХЪ министр бæрны фарста нæ лæууы боны фæткъы», – райхъусын кодта Бидзина Иванишвили.