Бидзина Иванишвили – мæ позици у,  президентон æвзæрстыты,  аккаг,  бархи  кандидатæн  рахæцæм йæ фарс,    кæд нæ  уыдзæн,   уæд та макæмæн рахæцæм йæ фарс æмæ  оппозици  адих кæнæт ацы  институт
Бидзина Иванишвили – мæ позици у, президентон æвзæрстыты, аккаг, бархи кандидатæн рахæцæм йæ фарс, кæд нæ уыдзæн, уæд та макæмæн рахæцæм йæ фарс æмæ оппозици адих кæнæт ацы институт

Парти «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны» сæрпдар Бидзина Иванишвили хъусын кæны,  цæмæй  «Гуырдзиаг Бæллиццы»   президенттæм   цалдæр кандидатурæйы  дзырдæуы зæгъгæ,  сæ нымæцы  ныхас уыд  йæхæдæг Бидзина Иванишвилийыл,   афтæма  Созар Субарыл,  Зураб Абашидзейыл, Давит Сергеенкойыл, Тея Цъулукианийыл.

Фыццаг Къаналы  эфиры  Бидзина Иванишвили   куыд банысан кодта афтæмæй,    уынаффæ  зæгъгæ нырма нæ фæцис, фæлæ йæ позици ахæм у,   цæмæй «Гуырдзиаг Бæллицц»   йæ фарс рахæца  аккаг  бархи кандидатæн,  ккæцы  бæстæйы  демокративон   институтты  фæфидардæр  кæныны æрдæм къахдзæфæй фестдзæн.

«Бирæ  аккаг  кандидат нын ис, кæцытæ  æцæгæйдæр    бахъом уыдзысты    фывццаг туры   фæуæлахиз уын. Зæрдæргомæй  уын  зæгъдзынæн,   мæ позици у  æмæ   «Гуырдзиаг Бæллиццы»  уæнгтимæ дæр ацы позицийæ ныхас  кæнын,  цæмæй   нæ  къордæй  ма  раразмæ кæнæм макæй,  элементарон аххосы  тыххæй,    бæстæйы  цырд, демокративон    рæзынадæн бирæ  хуыздæр уыдзæн ,  цæмæй  мах  йæ фарс рахæцæм  аккаг   хæдбар  кандидатæн,  æмæ кæд  афтæ нæ рацæудзæн,  уæд та  бынтон макæмæн,  оппозици та  ацы институт  адих кæнæт  сæхицæн куыд сæ фæнды  афтæ» –  райхъусын кодта Бидзина Иванишвили.

Афтæдæр  йæ ныхæстæм гæсгæ,   бæстæйы   экономикæ  куыд   куыд мæгуыр  у,  афтæ  мæгуыр  у  политикон истеблишмент  дæр.

«Абон   гамгеблийæ райдайгæйæ, премьеры онг   æппæт  хицаудзинад   у  «Гуырдзиаг Бæллиццы»дæлбар.  Парламенты  нын ис   конституцион фылдæры  хай,  уый дæр  цъус  хъæддагомау у   Европæйы.  Европæйы сæ  зæрдæмæ цæуы   баирæпартиондзинад. Хъыгагæн   экономикæ  куыд мæгуыр у,  афтæ  мæгуыр  у нæ бæстæйы   политикъон истеблишмент дæр.  Макæмæ уæт иллюзи,  ома «Гуырдзиаг Бæллицц»  хъуамæ фæтк дæтта  æмæ   афтæ адæрддæр уа   ацы  процесс.  Цæ зæгъын æй хъæуы,   афтæ куыд  экономикæйы,   ацы процессы  дæр райтынг  æмæ баахъаз кæнын. Ацы  фоныл  бæстæйæн  фылдæр цымидисон уыдаит,  уый æмæ «Гуырдзиаг Бæллицц» сæрмагонд  кандидаты  ма раразмæ кæна» –   райхъусын кодта Бидзина Иванишвили.