Бидзина Иванишвили Кутаисы æхсæнадæмон университеты тыххæй фидиуæн аразы
Нæ хуызæн бæстæйы раст ахуырад у уыцы сæйраг ресурс, кæцыйыл бындурæвæрд хъуамæ æрцæуа рæзынады стратеги – уый фæдыл парти «Гуырдзиаг Бæллицц-Демокративон Гуырдзыстоны» сæрдары, Бидзина Иванишвилийы фидиуæны мидæг у банысангонд, кæцы партийы фейсбук-фарсы æрцыд æвæрд.
Фыстæджы мидæг дзырдæуы, цæмæй нырыккон æмæ фидар технологион ахуырадон центр саразыныл нырма ноджы 11 азы размæ райдыдта хъуыды кæнын. 2012 азы та æхсæнадонæй баныфсвæрдта дзыллæйæн, цæмæй Кутаисы сарызтаит университет. Бидзина Иванишвили куыд фыссы, афтæмæй, 2020 азы сентябры ног университеты фыццаг студенттæ райдайдзысты ахуыр кæнын.
«Нæ бон зæгъын у, цæмæй Кутаисы нын уыдзæн æхсæнадæмон университет. Кæцыйы менеджменты системæ, ахуырадон ардæмадтæ, иртасджыты æмæ лекторты равзарыны æгъдау, æнæхъæнæй æмбæлон уыдзæн Мюнхены технологион университеты фæткдар системæмæ, кæцыимæ Кутаисы æхсæнадæмон университет 2017 азæй æмкуыст кæны», – дзырдæуы фыстæджы æмæ хаххгонд у, цæмæй Кутаисы æхсæнадæмон университет, Мюнхены технологион университетимæ иумæ, къуындæг æмкуыст кæны дунейы ахæм раздзог ахуыргæнæндон æмæ зонадон центртимæ, цахæмдæр у Улихы иртасаг центр, Аахены Университет æмæ Рены университет.
Кутаисы æхсæнадæмон университеты проекты параллелонæй фонд Карту кусы Гуырдзыстон адроннон фæтагъдкгæнæны проектыл.
«Фыццаг этапыл., Кутаисы арызт æрцæудзæн адроннон терапийы центр, циклотроны типы фæтагъдгæнæнимæ, кæцымæ уыдзæн куыд зонадон-иртасаг, афтæ медицинон нысаниуæг дæр. Ацы нысанæй нырид æвæрд æрцыд бадзырд, фæтагъдгæнæны амайæг æхсæнадæмон концерн Айбиэйимæ (IBA), кæцы дунейы лидер у ацы къабазы. Ацы рæстæджы Тбилисы, сæрмагондæй та Дигъомийы уæвæг центры цæуы нырыккон лабораторитæй ифтонггонд æрдзонынадон зонадон институтты къластеры арызт. Дыууæдæр центры нысан у, æмбæлон кадрты æрцæттæ кæнын æмæ гуырдзиаг ахуыргæндты ног фæлтæр рахъомыл кæнын.
Проекты сыххæсты дыккаг этапыл æрцæудзæн стыр фæтагъдгæнæны-синхротроны арæзтад, кæцы бынтон ног æмвæзадмæ скæндзæн гуырдзиаг зонæдтæ æмæ нæ бæстæйæн ратдзæн фадат суа Европæйы æмæ Дунейы интеллектуалон тыгъдады æххæстаргъджын уæнг. Афтæмæй Кутаисы университетон иртасаг комплексы уыдзæн Евроцæдисы стандарттæм æмбæлон æхсæнадæмон иртасаг центр, технологион центр æмæ æнæнизхъахъхъæды æхсæнадæмон центр, кæцыты аналог Гуырдзыстоны нæй æмæ ацы æрдæм уый фыццаг къахдзæф у», – дзырдæуы Бидзина Иванишвилийы фыстæджы. Автор банысан кодта, цæмæй проекты фæуды фæстæ, фонд «Карту» баззайдзæн æрмæст хицæн финансгæнæгæй, æрмæст университет та лæвæрд æрцæудзæн паддзахадмæ.
«Уынæм, цæмæй 21-æм æнус уыдзæн зонæдты æмæ технологиты цæстыфæныкъуылдмæ цырдæй рæзынады дуг. Дуне æрвылбойнонæй æмæ æрвылазонæй ивы. Уый бындур та у зонынад æмæ ахуырад. Нæ фыдæлтæ сæ куыстæй æмæ тохæй бахъахъхъæдтой æмæ нын ныууагъдтой ацы алæмæттаг бæстæ. Абон Гуырдзыстоны раз уæвæг сæйраг рард у, фемдзыд уа æмæ ма афæстиат уа дунейы цæугæ зонадон-технологион процессæй. Ис нын тынг курдиатджын фæсивæд, кæцытæн хъæуы æмбæлон аууæлттæ æмæ бынат саразын, цы ран ацы куырдиат æмæ фæрæзты реализаци уыдзæн гæнæн. Растдæр уый уыдис сæйраг нысан, цæй тыххæй дæр фидар бындурæвæрæг у нырыккон технологитæй æмæ инфраструктурæйы ифтонггонд университетон сахар Кутаисы, ахуыргæнæндон комплекс, кæцы уыдзæн нæ бæстæйы фæндагамонæг технологион стынды эпохæйы», – дзырдæуы Биздина Иванишвилийы фидиуæны.