Бидзина Иванишвили  Гуырдзыстоны футболы æмбырдгондæн  арфæ кæны уæлахиздзинады фæдыл, балæн хорзæхы  хуызæй  30 милуан лари уыдзæн лæвæрд,  дарддæры этапмæ аиыны цауы та  æмбырдгондмæ  уæлæмхасæй лæвæрд уыдзæн 30 милуан лари
Бидзина Иванишвили Гуырдзыстоны футболы æмбырдгондæн арфæ кæны уæлахиздзинады фæдыл, балæн хорзæхы хуызæй 30 милуан лари уыдзæн лæвæрд, дарддæры этапмæ аиыны цауы та æмбырдгондмæ уæлæмхасæй лæвæрд уыдзæн 30 милуан лари

«Картули Оцнебайы»  цытджын   сæрдар Бидзина Иванишвили  Гуырдзыстоны футболы  æмбырдгондæн  стыр  уæлахиздзинады фæдыл арфæ кæны.

«Картули Оцнебайы»  пресскуысты информацийæ, националон балæн  фидаргонд  хорзæх  30 милуан лари уыдзæн лæвæрд.

Уыимæ, Бидзина Иванишвилийы инициативæйæ, Испаниимæ  æстæмфиналон  фембæлды   уæлахиздзинады æмæ дарддæры эатпмæ ахизыны   цауы, Гуырдзыстоны  националон æмбырдгонд  хорзæхы хуызæй райсдзæн   уæлæмхас 30  милуан  лари.

«Картули Оцнебайы»  цытджын сæрдар  бузныг дзуры  футболы æмбырдгонды  алы   футболистæн,  тренерты  штабæн  æмæ гуырдзиаг сæрхъызойтæн  ацы   историон  æмæ бæллиццаг   уæлахиздзинады тыххæй.

Европæйы 2024  азы   Чемпионаты  равзарæн этапыл  Гуырдзыстоны  æмбырдгонд æнтысты фæстæ  фонд «Карту» 23 апрелы   публикаци скодта фидиуæн, кæцымæ гæсгæ  Европæйы Чемнионаты  дæлкъордæй  ахизыны тыххæй  футболы æмбырдгондæн  хорзæхæй  лæвæрд уыдзæн 30 милуан лари,  дæлкъордæй  ахизы фæстæ та  алы  фæдылдзог матчы рамбулынæн Националон æмбырдгондма æлæвæрд уыдаит   уæлæмхас 30  милуан лари.