Бидзина Иванишвили дзырдæй ралæууыд «Картули Оцнебайы»  æвзарæнон кампанийы æмæ ног централон офисы байгомыл
Бидзина Иванишвили дзырдæй ралæууыд «Картули Оцнебайы» æвзарæнон кампанийы æмæ ног централон офисы байгомыл

«Картули Оцнебайы»  цытджын сæрдары,, Бидзина Иванишвили дзырдæй ралæууыд   «Картули Оцнебайы»  æвзарæнон  кампанийы æмæ ног  централон  офисы байгомыл.

Йæ фидиуæнæй, октябры   Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæ, ноджы иу  хатт хъуамæ зæгъой  скуыддзаггæнæг   ныхас æмæ  бахъахъхъæной Гуырдзыстоны  рухс  фидæн.

Иванишвилийы дзырдæй, зæгъгæ Националон Змæлды æвзæрстыты  басастмæ нæкæсгæ, «Картули Оцнеба» нырмадæр тыхыбын у  «Глобалон æндæвдад кæмæ ис,  уыцы  тыхы  агентурæйы  ныхмæ»  тох кæна.

«Коллективон «Националон Змæлд» æмæ йæ  хицæуттæн   уый  у  фæстаг   тох  Гуырдзыстоны  сызмæнтынæн æмæ дыккаг фронт  байгом кæнынæн. «Картули Оцнебайæ»  уый у  скуыддзаггæнæг   тох Гуырдзыстоны  сабырад фæстагмæ  сфидар кæнынæн, æддæйæ  аразгæйæ  радикализмы  æмæ поляризаци кæрон скæнынæн,  сабырдзинады,  стабилондзинады æмæ экономикон  размæцыд  бахъахъъхæнынæн,  нацоналон  интерестæ хъахъъхæдæн  æмæ ай æппæты  фæстиуæгæн, Гуырдзыстоны Европаг  перспективæ  химæ ныууадзынæн», –   райхъусын кодта Ианишвили.

Афтæма йæ дзырдæй, зæгъгæ  абон Картули Оцнебайæн рекордон  фарсхæцын ис æмæ уымæн   йæ  фарс хæцы  цæрджыты  60  проценты  бæрц.

«Иттæг вазыгджын   расидты æмæ уæззау  æлхъывдмæ нæкæсгæ,  ивгъуыд 4  азы  дæргъы,  нæ бæстæйæн бахъахъхъæдтам  сабырдзинад,  фæдывæр кодтам   доллары  бæстæйы номиналон   эконмоикæ  æмæ райстам Евроцæдисы  кандидат бæстæйы  статус. Ай æппæты  фадат нын ратта растдæр гырдзиаг дзыллæйы   фарсмæлæуд, кæцы  дезинформацийы æмæ манипуляцийы æнæиу   уыланмæ  нæкæсгæ,  нæ фæрæдыдис æмæ Гуырдзыстоны  уыцы таргедийæ баиргъæвдта,  кæцы хъыгагæн  æрыййæфта Украинайы»,-   райхъусын кодта  Иванишвили.

Йæ дзырдæй  зæгъгæ ацы «глобалон хæсты парти»  нырмадæр архайы  Гуырдзыстоны дыккаг фронт байгом кæнын, кæцыйы тыххæй  Гуырдзыстоныл цалдæр аз у   уæззау  æлхъывд  цæуы.

«Алкæмæн бæрæг у, цæмæй хæстмæ баласыны  цауы, Гуырдзыстон  Украинайæ уæззаудæр   фæстиуджытæ райсдзæн. Ацы фæстиуджытæй  хиауиуварс кæнын   у  сæрыфыццаг   рард, кæцы 26 октябры  «Картули Оцнеайы» уæлахиздзинадæй алыг уыдзæн.

Ныр мах,  æрмæст ма  иу  афæдз хъуамæ бафæразæм, кæцыйы фæстæ, фундаментонæй  фæивдзæнис куыд глобалон   æмæ регионон   политикон интерестæ, афтæ  интерестæ  конкретонæй Гуырдзыстонмæ. Украинайы цæугæ хæст, максимум   иу афæдзмæ фæуыдзæн, æрмæст  кæд Америкæйы  президентон  æвæрстыты   Республикæгтæ  фæуæлахиз уыдзысты, хæст  январы дæр ис гæнæн фæуа.  Уымæ гæсгæ дæр сæйраг у, ацы  чысыл рæстæгдæр рамбулæм æмæ куыддæр хæст фæуыдзæн, Америкæмæ Европæдисмæ дæр алы æнæмбарындзинад  фæуыдзæн æмæ Гуырдзыстон глобалон политикæйы  хъазджытæн  бынтон хъауджы интересы  объект суыдзæн», – райхъусын кодта Иванишвили.