Бидзина Иванишвили – 26-æм октябры æвзæрстытæм æрцæугæйæ æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» фарсыл хæцгæйæ, гаранти исут, цæмæй Гуырдзыстоны хæсты бабæттын никæй бон уыдзæн, æмæ хæстон фыдгæнджытæ карзæй æфхæрд æрцæудзысты
Бидзина Иванишвили – 26-æм октябры æвзæрстытæм æрцæугæйæ æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» фарсыл хæцгæйæ, гаранти исут, цæмæй Гуырдзыстоны хæсты бабæттын никæй бон уыдзæн, æмæ хæстон фыдгæнджытæ карзæй æфхæрд æрцæудзысты

26-æм октябры æвзæрстытæм æрцæугæйæ æмæ «Гуырдзиаг Бæллиццы» фарсыл хæцгæйæ, райсдзыстут гарантийæ, цæмæй Гуырдзыстоны хæсты никæмæн уыдзæн йæ бон бакæнын   æмæ хæстон фыдгæнджытæ карзæй æфхæрд æрцæудзысты – уый фæдыл Бидзина Иванишвили, Руставы «Гуырдзиаг бæллиццы» æвзарæнон кампанийы регионалон мадзалы раныхасы рæстæджы банысан кодта.
Бидзина Иванишвили  банысан кодта цæмæй, «Гуырдзиаг бæллиц» иунæг политикон тых у, кæцы алкæмæй уæззаудæр геополитикон уавæры бæстæйæн 12 азы дæргъы æнæфæцудгæ сабырад æрхаста.
«Кæд ацы æрдгæй нырма бирæ рискътæ æмæ æртхъирæнтæ ис, уæддæр уын ныфс дæттын, цæмæй æз сæрмагондæй, «Гуырдзиаг Бæллиццы» политикон къордимæ иумæ цыфæнды аргъæй дæр Гуырдзыстоны хæст æмæ бомбæты къæвда нæ бауадздзынæн! «Сабырад нысаниуæгджын у уыцы цæстæнгасæй, цæмæй нæ алыварс æмæ æнæхъæн дунейы цæугæ глобалон ивæндзинæдтæ хынцгæйæ, мах хъуыды кæнæм, цæмæй уыцы рæстæг æрхæццæ кæны, кæд æмæ ссыгъдæг кæндзыстæм рагон бырондæттæ æмæ фендзыстæм сабырадон Гуырдзыстон », – загъта Иванишвили.