Бибылты Анатоли – Ирон адæмы национ идея кæддæриддæр уыд иууон Ирыстоны, Уæрæсейы империмæ бацыд, ацы къурсæй мацæй тыххæй ма хъуамæ фездæхæм
Оккупацигонд Цхинвалы дефакто президент Бибылты Анатоли хъусын кæны, цæмæй зæгъгæ «номыр фыццаг рард Хуссар Ирыстоны Уæрæсейы скондмæ бацыд хъуамæ уа».
«Ирæттæ национ идеяы тыххæй, 1920, 1990 æмæ 2008 азты стыр зиан бавзæрстой. Ацы идея кæддæриддæр уыд Иууон Ирыстоны Уæрæсейы империйы скондмæ бацыд æмæ ацы къурсæй мацæй тыххæй ма хъуамæ фездæхæм – ацы историон таг ма хъуамæ аскуъуынæм»,- райхъусын кодта Бибылты Анатоли журналисттимæ фембæлдыл.
Оккупацигонд Цхинвалы дефакто президент афтæдæр фæныхас кодта Цæгат Ирыстоны æрдæм æфсæнвæндаг арызтады фадæттыл.
«Ацы фарстайыл уынаффæ райдыдта 2008 азы. Фæлæ цалынмæ бавдыст нæ уыдзæн экономикон бындур, уæдмæ æфсæнвæдаджы аразын ничи райдайдзæн. Экономисттæ нырма проект нæ бавдыстой, фæлæ политикъон цæстæнгасæй йæ куы æркæсæм уæд хъуамæ фæуынаффæ кæнæм цас эффективон уыдзæн æфсæнвæндаг, уæвæг инфраструктурæимæ абаргæйæ»,- загъта Бибилов.
Пресс-конференцийыл оккупацигонд Цхинвалы регионы дефакто лидер афтæдæр загъта, цæмæй «Хуссар Ирыстоны хицауад араздзӕн ӕппӕт дӕр, цӕмӕй йе ‘мбӕстӕгтӕ уой хъахъхъӕд». Фæлæ Бибылты Анатоли афтæдæр загъта, цæмæй «Цънелисы цур гуырдзиаг блокпосты сæвæрыны фарста акуыддзаг кæнын, политикъон фадæттæй архайдзæн».