Беньямин Нетаньяху -гæнæн ис мах уыцы рæстæгы стæм, кæд æмæ  Ираны адæм сæрмагонд амонд  сæхи къухтæм исынц
Беньямин Нетаньяху -гæнæн ис мах уыцы рæстæгы стæм, кæд æмæ  Ираны адæм сæрмагонд амонд  сæхи къухтæм исынц

Гæнæн ис мах уыцы рæстæгы стæм, кæд æмæ  Ираны адæм сæрмагонд амонд  сæхи къухтæм исынц– уый фæдыл Израилы премьер-министр Беньямин Нетаньяху расидтис.

Йæ ныхасмæ гæсгæ, Израилы хицауад æмæ  паддзахад дих æмцыт  кæнынц Ираны адæмы тохæн, сæ тырнындзинадæн сæрибардзинад æмæ рæстдзинадмæ.

Израилы премьер-министры ныхасмæ гæсгæ, ивгъуыд къуыри Флоридайы АИШ-ы президент Дональд Трампимæ фембæлды рæстæджы  лæмбынæг фæныхас кодтой Ираны фарстайыл.

«Мах ноджы иу хатт банысан кодтам нæ иумæйаг позици, ураны хъæздыгдзинады тыххæй, афтæ дæр  Иранæй 400 килограммы хъæздыггонд æрмæг раласыны æмæ объекттæ карз æмæ реалон цæстдарды бын æрæвæрыны æнæмæнгхъæуындзинады фæдыл» — расидтис Беньямин Нетаньяху.