Бека Лилуашвили – президентæн тынг цыт кæнæм, йæ хуынд нæ зæрдыл бадардзыстæм
Президентæн тынг цыт кæнæм, кæй зæгъын æй хъæуы, йæ хуынды нæ зæрдыл бадардзыстæм, – уый фæдыл парти «Гуырдзыстоны Тыххæй»-ы уæнг Бека Лилуашвили райхъусын кодта.
«Президентæн тынг цыт кæнæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, нæ зæрдыл бадардзыстæм йæ хуынд. Фембæлдмæ бацæуынмæ цæттæ стæм, æндæр та стæй уыдзæн бæрæг. Куыд уын загътон афтæмæй, президентæн тынг цыт кæнæм æмæ уыимæ ныхас кæнынмæ цæттæ стæм. Кæй зæгъын æй хъæуы, йæ хуынд нæ зæрдыл бадардзыстæм», – райхъусын кодта Бека Лилуашвили.
Гуырдзыстоны президент Саломэ Зурабишвили Мамука Хазарадзейы æмæ Гиорги Гахариайы партитæм баиу кæнынмæ æрсидтис æмæ сæ консультацитæ ауадзынмæ Орбелианиты галуанмæ фæхуыдта.