Бейли Хатчинсон - АИШ-æ æххæстæй йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнгсуæвынæн
АИШ-æ æххæстæй йæ фарс хæцы Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнгсуæвынæн. Уый фæдыл фидиуæны цæгат-атлантикон альянсы АИШ-ы иудадзыг минæвар Кей Бейли Хатчинсон абоны брифингыл сарызта.
«Гуырдзыстон, альянсы ахсджиаг партнер у. Гуырдзыстон нысаниуæгджын куыст кæны æндæр æмæ æндæр сферæты, сæ нымæцы Афгъанистаны дæр.
Цæй зæгъын æй хъæуы, мах æнхъæлмæ кæсæм уыдонимæ æмгуыстады фадатмæ, уыцы уавæрты, прогрессмæ куы хæццæ кæнынц НАТО-йы æрдæм фæндагыл, АИШ-æ æххæстæй йæ фарс хæцы альянсы «гом дуары» политикъæйæн. Нæ хъуыдымæ гæсгæ, НАТО абон бирæ тыхджындæр у, 29 уæнг ын куы ис æмæ фидæны та ноджы ног уæнгтæм æнхъæлмæ кæсæм» – расидтис Хатчинсон.
Ацы фидиуæны НАТО-йы АИШ-ы иудадзыг минæвар сыразта сом плангонд министериалы размæ, кæцыйы фæлгæтты, Брюсселы НАТО-Гуырдзыстоны камисы рабадт сырæздзæн.
Ацы рæстæджы, æмцæдисонтæ ноджы иу фембæлдыл, альянсы уæнгсуæвын кæй фæнды, а.х. аспирант бæстæтæн æххуыс фæтынгдæр кæныны фæрæзтыл æруынаффæ кæндзысты.
Уымæй размæ та, АИШ-ы паддзахадон департаменты расидтысты, цæмæй Брюсселы НАТО-ы саммиты фæлгæтты, АИШ-ы паддзахадон нымæрдар Рекс Тиллерсон, Гуырдзыстоны фæсарæн хъуыддæгты министр Михеил Джанелидзеимæ фембæлдзæн. Уагдоны куыд загъдтой афтæмæй, бадзырдты рæстæджы Тиллерсон, ноджы иу хатт сфиксир кæндзæн фарсхæцынад Гуырдзыстоны НАТО-йы уæнгсуæвыны фæндæн.