Батумы уагъд цæуы æхсæнадæмон семинар – «Порты æдасдзинад æмæ наркотикты змæлды ныхмæ тох: Сау денджызæй Евроцæдисмæ»
Батумы уагъд цæуы æхсæнадæмон семинар – «Порты æдасдзинад æмæ наркотикты змæлды ныхмæ тох: Сау денджызæй Евроцæдисмæ»

Мидхъуыдтæгты министры хæдивæг, Александр Дарахвелидзе, Францы минæвар Оливье Курто æмæ æфтиæгты службæйы таможнæйон департаменты директор Чокошвили Михаилимæ иумæ æхсæнадæмон семинар байгом кодта, кæцыйы сæргонд у «Порты æдасдзинад æмæ наркотикты змæлды ныхмæ тох: Сау денджызæй Евроцæдисмæ».

Мидхъуыдтæгты министрады информацимæ гæсгæ, Александр Дарахвелидзе семинары хайадисджытæм арфæйы ныхасæй фæсидтис æмæ хъусдард сцырын кодта карз паддзахадон политикæмæ æмæ эффектон мадзæлттæм, кæцытæ мидхъуыддæгты министрады æрдыгæй ист у наркотикты зилдухы ныхмæ тохы.

Æхсæнадæмон семинар, кæцыйы организаци кæны Францы минæварад Гуырдзыстоны, Батумы 25-26 ноябры уагъд цæуы æмæ йæ нысан у Сау Денджызы бассейны наркотикты змæлды ныхмæ тохы паддзахадты æхсæн æмкуыстдзинад фæтыхджындæр кæнын.

Семинары хайад исынц барадхъахъхъæнæг органты, таможнæйон службæты, сæрмагонд секторы минæвæрттæ 13 европæйаг бæстæйæ.