Батумы райсомæй нырыккон стнадартты фондз ног электроавтобус змæлдзæн
Батум фыццаг горæт у Гуырдзыстоны, цы ран змæлдзæн муниципалон электроавтобустæ. Райсомæй цæрджытæн нырыккон стандарттæм æмбæлон фондз ног электроавтобус балæггад кæндзæн, цалдæр бонмæ ма та сæм ноджы æртæ автобус бафтаудзысты.
Ног электроавтобустæ адаптацигонд сты амалхъомдзинад цух уæнгтæн, монтажгонд у нырыккон стандарттæм æмбæлон тæвдгонд æмæ кондиционер дæр, хъæлæсы системæ æмæ видеокамерæтæ.
Ног автобусты дæргъ у 9,5 метры æмæ дзы ис 24 бадæн бынат. Æмтгæй райсгæйæ автобус нымад у 70-ы онг бæлццоныл.
Батумæн электроавтобусты балхæд Европæйы реконструкцийы æмæ рæзынады банкы (EBRD)-ы уæлбарджын кредиты фæлгæтты, æхсæнадæмон тендеры фæрцы сæххæст.
Абонæй Батумы сног ис æхсæнадон транспорты змæлд. Батумы мэры хæстæ æххæстгæнæг Арчил Чикованийы фидиуæнæй, зæгъгæ муниципалон автобусты æмæ микроавтобусты максималон контрол уыдзæн, цæмæй тæрджытæ кæнæ бæлццæтты æрдгæй сæххæст уа æдасдзинады рекомендацийæ бæрæг алы домæнтæ.