Батумы райдыдта фыццаг æхсæнадæмон спортивон покеры турнир
Батумы райдыдта фыццаг æхсæнадæмон спортивон покеры турнир

Горæт Батумы ацы аз фыццаг хатт уагъд æрцæудзæн евразиаг покеры тур (EAPT) 7-æй 15-æм сентябрмæ.

Мадзал аразджыты ныхæстæм гæсгæ, æхсæнадæмон турнир арæзт æрцыд 2013 азы æмæ æрвылаз уагъд цæуы дунейы алы бæстæты. Спортивон мадзалы архайы 1000 хъазæгæй фылдæр дунейы 30 бæстæйæ фылдæрæй.

Евразийы покеры тур у регионы раззагдæр мадзæлттæй иу, цыран архайынц хъазæг æппæт дунейæ. Йæ нысан у покер куыд интеллектуалон хъазт æхсæнадæмон æмвæзадыл райрæзын кæнын, афтæ ма æнæхъæн регионы туристон бынæттæ райрæзын кæнын. Растдæр уый тыххæй æвзæрст æрцыд горæт Батумы, цæмæй уагъд æрцæуа æхсæнадæмон турнир.