Батумы, НАТО-йы парламентон ассамблейы Роуз-Россы 97-æм семинар байгом
Батумы, НАТО-йы  парламентон ассамблейы  Роуз-Россы 97-æм семинар байгом

Батумы абон  Гуырдзыстоны  парламентимæ æмгуыстадæй,  НАТО-ы  парламентон ассамблейы  Роуз-Россы  рæнхъæй  97-æм семинар  -«Гуырдзыстон æмæ  Сау Денджызы регионы  ног геополитикъон боны фæткъ» байгом уыдзæн.

Гуырдзыстоны парламенты   прес-куысты   хъусинагæй,   семинары   Гуырдыстоны парламенты  срдар Ираклий Кобахидзе  иарфæйы ныхасæй  байгом кæндзæн. Хайадисджыты  раз   дзырдæй ралæудзысты   æмæ   конференцийы фæлгæтты   уагъд   дискусситы  хайад исдзысты  Гуырдзыстоны президент Гиорги Маргвелашвили, НАТО-йы  парламентон ассамблейы   президент  Паоло  Алли,    хъахъæнынады æмæ   æдасдзинады   парламентон комитеты  сæрдар  æмæ  НАТО-йы   парламентон  ассабейы  Гуырдзыстоны   парламентон  делегаций  разамонæг   Ираклий Сессиашвили,   æддæ  хъуыддæгты министр  Михеил Джанелидзе,  хъахъхъæнынады министр Леван Изориа,   Швейцарийы  срмагонд  æмæ æххæстбарджын  минæвар  Лукас  Беглингер,  НАТО_йы æмцæдисонон  офисы  къухдаруæггæнæг  Росариа  Пулис  æмæ Аджарийы  автономион   респбликæйы   хицауады   сæрдар  Зураб Патаридзе.

Æртæ боны дæргъы  семинары   хайадисджытæ  Гуырдзыстоны  евро-атлантикон  интеграцийы  æмæ  реформæйы   боны фæткъыд, НАТО-Гуырдзыстоны  10 азон   æмгуыстадыл,   æнтыстытæ æмæ   перспективæтыл, Сау Денджызы  регионы  æдадсзинады, Националон  æмæ Евроцæдисы   перспективтæйы фæдыл, Гуырдзыстоны æмбæстагон дзыллæйы,  парламентон  системæмæ  ахизыны  фæдыл  Гуырдызстоны ахасты  æмæ регионалон  фарстыты фæдыл  фæтæрхон кæндзысты.

НАТО-ы парламентон  ассамблейы  Роуз-Россы  рæнхъæй  97-æм семинар – «Гуырдзыстон æмæ   Сау Денджызы  регион  ног геополитикъон   боны фæткъы»  Батумы абон,  09:00   сахатыл  байгом æмæ 25-æм апрелы  фæуыдзæн.