Батумы коронавирусæй  фæрынчынуæвджытæн  хæдзары хос кæныны  процесс райдыдта
Батумы коронавирусæй фæрынчынуæвджытæн хæдзары хос кæныны процесс райдыдта

Батумы   коронавирусæй  фæрынчынуæвджытæн  хæдзары хос кæныны  процесс  ныридæгæн райдыдта. Регионы  æхсæнадæмон æнæнизхъахъъхæды  центры  информацийæ, абоны бонмæ  цалдæр  пациентæн нырид хос кæнынц  сæ хæдзæртты уæвгæйæ,  æмæ уыдон дохтыры  цæстдарды бын сты.

Фæнысанкæнинаг у уый æмæ   хæдзары уæвгæйæ   хоскæныны   протоколы  кæройнаг  форма нырма дæр  бакуысты   процессы ис.

«Хæдзары уæвгæйæ  хос кæныны процесс дыккаг бон у цы райдыдта, бæлвырд  фыст  протоколмæ гæсгæ, чи баззайдзæн хæдзары,   ахæмтæ сты рог  æмæ  симптомтæ кæмæ нæй  ахæм пациенттæ,   хæдзары  хос кæнын гæнæн нæ уыдзæн  сывæрджынтæн,  хроникон низтæ кæмæн  ис, ахæм уæнгтæн,   карджынтæ, сывæллæттæ æмæ  æндæр категоритæ», – райхъусын кодта  æхсæнадон æнæнизхъахъъæды   центры директоры  хæдивæг  Нона Эпадзе.

Æхсæнадон  æнæнизхъахъхъæды   центры нырма нæ конкрет кæнынц,  цас ковид-фæрынчынуæгæн  хос кæнынц  хæдзары уæвгæйæ.