Батумы коронавирусæй чи снæниз ис ахæм 400-йæ фылдæр гоймагы рафысдзысты госпиталтæй æмæ ковид-фысымуаттæй
Батумы 400-йæ фылдæр гоймаг клиникæтæ æмæ ковид-фысымуаттæй рацæудзысты – уый фæдыл Ачъарайы хицауады сæргълæууæг Торнике Рижвадзе фехъусын кодта.
Рижвадзейы дзырдæй, зæгъгæ ныхас цæуы клиниконæй чи снæниз ис уыцы адæймæгты фæдыл.
«Абон ахицæн кодтам ковид-статусы фæдыл, кæцы йæ хъуыдйы дары снæиз уыны критеритæ æмæ уымæ æмбæлгæйæ абон нын уыдзæн 400-йæ фылдæр адæймаг, клиниконæй чи снæниз ис ахæмтæ. Уыдоны госпиталтæй æмæ ковид-фысымуаттæй хæдзармæ афысдзысты» – загъта Рижвадзе.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, Ачъарайы регионы эпидемиологион уавæр у уæззау фæлæ æххæстæй контролгонд.
Абоны онг регоины 2100-йæ фылдæр фæрынчынуæвæг уыд регистрацигонд, кæцы нымæцæй абон клиниконæй чи снæниз ис уыцы пациенттæ рацух уыдзысты.