Батумы иуæй-иу клиникæйæ, цалдæр мин иуæг ампулæ наркотикон фæрæзтæ æрбайсæфт
Аджарийы Æхсæнадон Телеуынынады информацийæ, Батумы, Денджызон госпиталы стационары, кæцы у компани «Мед-Эмердженсы» дæлбар, цалдæр мин ампулæ наркотикон фæрæз фесæфт ис.
Аджарийы Æхсæнадон Телеуынынады ратæдзæны информацийæ, фæдагуырд райдаыны фæстæ, рынчындоны дыууæ кусæг сæ куыстуатмæ нал бацыдысты, æрмæст æвæрæнæй та фесæфт 6000-ы онг ампулæ.
Хирургион департаменты хистæр æмæ клиникон менеджер, Аджарийы Телеуынынадимæ ныхасы хъусын кæнынц, цæмæй наркотикон фæрæзты фесафыны факты ныридæгæн æвзары мидхъуыддæгты министрад.
«Алы æмбæлон документаци лæвæрд æрцыд фæдæвзарæг оргæнтæм» – дзуры Темур Хантадзе.
Фыццаг Къаналæн МХМ-ы куыд фехъусын кодтой афтæмæй, хъуыддаг рæгъмæ хаст æрцыд тугтæрхоны барады кодексы 269-æм статийæ, кæцы йæ хъуыдыйы дары наркотикон фæрæзты кæнæ прекурсоры æрцæттæйы, кæнын, райст, æсфысты, бавæрын, аласын арвитын кæнæ æрбаласыны фæтксаст.
Уагдоны хъусинагæй, уагъд цæуынц æмбæлон фæдæвзарæн мадзæлттæ. Æрцæугæмæ гæсгæ нырма никæй æрцахстой.