Батумы фидар уад  базиан кодта инфраструктурæ,  афæлдæхта  бæлæстæ æмæ  цалдæр корпусы  уæлхæдзæрттæ  ахаста
Батумы фидар уад базиан кодта инфраструктурæ, афæлдæхта бæлæстæ æмæ цалдæр корпусы уæлхæдзæрттæ ахаста

Фидар уад  уыдис знон   æхсæв  Батумы.  Стихийы   фæстиуæгæн   базиан ис  инфраструктурæ, дымгæ афæлдæхта  бæлæстæ, базиан кодта   цалдæр   рог хæдтулгæ.

Фидар уад  хæдзæрттæн сæ  уæлхæдзæрттæ  ахаста,  базиан кодта  электроадæттæн хаххытæ æмæ æддаг рухсыты цæджындзтæ, рагон бæлæстæ æмæ муниципалон   автобусты  лæууæнтæ.

Батумы мэриайы информацийæ,  цæуынц  стихийы фæтсиуджыты ликвидацион мадзæтттæ, оперативонæй  æххæст цæуы   хауд бæлæстæй  фæндæгты ныссыгъдæг.  Уæлвæтк режимæй  кусын дарддæр кæнынц  мэриайы  куыстытæ.