Батумы  централон мæзджыты   Хъуырман Байрамы  бæрæгбонон  скуывд   сыххæст кодтой
Батумы централон мæзджыты Хъуырман Байрамы бæрæгбонон скуывд сыххæст кодтой

Пысылмонон дуне  абон сегасдæр стыр  религион  бæрæгбон Хъуырман  банысан  кæны.   Боныцъæхыл  скуывдтой   бæрæгбонон  куывд  Батумы   Централон  мæзджыты   гуырдзиаг  пысылмонтæ.   Параллелонæй   афтæдæр   сбæрæгбон кодтой  уыцы  территорийыл, цы ран  пысылмон  цæрджытæ  домынц   мæзджыт  саразын.

Хъуырманы бæрæгбоны ахсджиагдæр фæзилæнтæй иу у бæрæгбоны номыл кусарт акæнын. Снывонд кæнынц фыс, сæгъ, теуа, кæмæн куыд йæ фадат у, афтæ. Хуыцауы минæвар Ибрахим Хуыцауыл афтæ æууæндыди, афтæ зынаргъ ын уыди, йæ зæрдæмæ афтæ хæстæг уыди, æмæ йын снывонд кодта йæ хъæбулы, уый тыххæй цæттæ уыди йæ зынаргъ фыртæй фæхицæн уæвынмæ. Фæлæ хъуыддаг уымæ не ‘рхæццæ. Æмæ уыимæ баст у кусарт кæнын.

Хъуырман у уд сыгъдæггæнæн бæрæгбон. Иæ агъоммæ бирæтæ дæс боны дæргъы фæдарынц ком. Бæрæгбоны адæм ацæуынц мæзджыттæм æмæ сæхи, сæ бинонты бафæдзæхсынц Хуыцау æмæ Йæ минæвар сыгъдæг Пехуымпар Мæхæмæтыл, фæкувынц, фæтабу сæм кæнынц.

Бæрæгбоны бирæтæ бабæрæг кæнынц сæ мæрдты ингæнтæ, Хуыцау æмæ сæ Пехуымпар Мæхæмæтыл бафæдзæхсынц. Стæй адæм æрбацæуынц сæ хæдзæрттæм æмæ сбадынц бæрæгбоны фынггыл. Адæм вæййынц хъæлдзæг, фæзарынц, фæкафынц, кæрæдзимæ уазæгуаты фæцæуынц, кæрæдзийæн лæвæрттæ фæкæнынц. Мæгуыртæ, сидзæртæ æмæ фæкæсинаг чи у, уыдонæн кусæрттаджы дзидзайæ байуарынц.

Батумы  централон мæзджыты  бæрæгбонон скуывд  сыххæст кодта  Гуырдзыстон муфтий  Адам Шантадзе.  Пысылмон дингæнæг  æмбæстæгтæн   бæрæгбоны фæдыл раарфæ кодтой  Ачъарайы  хицауады  æмæ бæрзонддæр Советы  сæрдæрттæ.

Хъуырман Байрамы  бæрæгбон  аххæссы æртæ-цыппар боны.