Батумы  ацыд   Важа  Гаприндашвилийæн   фарсхæцæг акци
Батумы ацыд Важа Гаприндашвилийæн фарсхæцæг акци

«Важа Экими Гмириа» (Важа дохтыр герой у), «Сæрибардзинад Важа Дохтырæн», –   ахæм лозунгтæй Батумы  дохтыртæ æмæ   оппозицийы минæвæрттæ   æрымбырд сты  æмæ  Важа Гаприндашвилийы  ссæрибар кæнын  ноджы  иу хатт æркуырдтой.

«Мах  абон дæр æмæ  сом дæр  солидарондзинады  нысанæй  æмбырд кæнæм, уымæн æмæ дохтыр  ахызт уырдæм пациентæн схос кæныны   тыххæй.  Важа  Гаприндашвили  абон мах  алкæй  бæсты   бады  ахæстоны,    уымæ æрвитæм сигнал, цæмæй кæцыфæнды цæттæ стæм, уый   бæсты  бадæм Цхинвалы  изоляторы», – райхъусын кодта   Батумы  Шота Руставелийы   паддзахадон  университеты   профессор  æмæ травматолог Кахабер  Кашибадзе.

Важа  Гаприндашвилийы   æрцахстæй   нырид иу  мæйæ   фылдæр рацыд.   Дохтыры 9 ноябры   а.х.  арæнсæттыны  зылынджын кæнынц, фæлæ  Важа  Гаприндашвили   ацы   аххосагыл нæ сæтты.   Гуырдзиаг дохзтырæн   стæрхонд  кодтой  дыууæмæййон развæлгъау  ахст.