Баскетбол | Гуырдзыстоны æмбырдгонд Тенерифейы фембæлдзæн Испаниимæ - репортаж Гуырдзыстоны фыццаг къаналыл #1TVSPORT
Баскетбол | Гуырдзыстоны æмбырдгонд Тенерифейы фембæлдзæн Испаниимæ - репортаж Гуырдзыстоны фыццаг къаналыл #1TVSPORT

Абон, Тбилисы рæстæгæй 22:35 сахатыл, сакъадах Тенерифейы Гуырдзыстоны баскетболон командæ Испаниимæ фембæлдзæн. Фембæлды комкоммæ æвдыст Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал, Гуырдзыстоны Фыццаг Къанал спорт æмæ Гуырдзыстоны Радио æххæст кæндзысты.

Дунейы чемпионаты æвзарæн этапы ныридæгæн уагъд æрцыд æрмæстдæр иу тур. Гуырдзыстон, Украинæйæн фæхæрд – 78:92, Испани та Данийыл фæуæлахиз – 74:64. Ацы цыппар командæйæ æртæ ахиздзысты иннæ этапмæ.