Банкъыты  ассоциаци -   Уæрæсейы ист «Виза» æмæ «мастеркард» картæты хицæуттæн,  суммæ  рахссын кæнæ картæйæ бафидын Гуырдзыстоны  нал уыдзæн сæ бон
Банкъыты ассоциаци - Уæрæсейы ист «Виза» æмæ «мастеркард» картæты хицæуттæн, суммæ рахссын кæнæ картæйæ бафидын Гуырдзыстоны нал уыдзæн сæ бон

Абонæй, афтæ куыд   дунейы æндæр бæстæты, Гырдзыстоны архайæг   коммерцион  банкты банкоматты æмæ  постерминалты  нал уыдзæн гæнæн  Уæрæсейы  лæвæрды «Виза» æмæ «Мастеркард»  картæтæй, фæнысангонд картæты  хицæуттæн нæ уыдзæн фадат  суммæ рахæссын кæнæ та  картæйæ  базарадон æмæ  лæггады  объектты  бафидын –  уый фæдыл  фидиуæн публикаци кæны Гуырдзыстоны  банкон  ассоциаци.

«Æхсæнадæмон æмгарады æрдгæй Уæрæсейæн уагæвæрд   санкциты  фæлгæтты, абон «Виза» æмæ «Мастеркард»  аскуыдтой  Уæрæсейы Федерацийы  архайæг   банкъты æмæ  финансон   институттæн лæггад.  Уый фæстиуæгæн, иуы æрдгæй,   Уæрæсейы территорийыл  лæвæрд «Виза» мæ  «Мастеркард» картæтæ нæ  кусдзысты   фæсарæнты.  Иннæрдгæй та, Уæрæсейы территорийыл нæ кусдзæн æндæр бæстæты  лæвæрд «Виза» æмæ «Мастеркард»  картæтæ.

Абонæй, афтæ куыд   дунейы æндæр  бæстæты, Гуырдзыстоны архайæг  коммерцион  банкты банкоматты  æмæ постерминалты  нал уыдзæн гæнæн,  Уæрæсейы  лæвæрд «Виза» æмæ «Мастеркард» картæтæй  пайда кæнын-  фæнысангонд  картæты  хицæуттæн нæ уыдзæн  сæ бон,  суммæ рахæссын, кæн та картæйæ  базарадон æмæ  лæггады объектты фидинаг бафидын.

Аналогионæй, Гуырдзыстоны архайæг  объекттæн нæ уыдзæн фадат балæггад кæнын Уæрæсейы  терирторийыл  лæвæрд «Виза» æмæ «Мастеркард» картæтæн.

Хъуамæ банысанæуа  уый дæр, æмæ   Уæрæсейы территорийыл  кæцыфæнды бæстæты æмбæстæгтæ,  сæ нымæцы Гуырдзыстоны  æмбæстæгтæн арæн кæны,  æндæр бæстæйы территорийыл ист  «Виза» æмæ «мастеркард» картæтæй   пайда кæнын»- банысангонд   фидиуæны.

Бакой уын кæндзыстæм, Уæрæсейы  Украинамæ  лæбурды тыххæй,  «Виза» æмæ  «Мастеркард»  Уæрæсейы сæрмагонд куыст уромынц. Уый фæдыл  информаци хъусын кæны  «ВВС». «Мастеркарды» фидиуæны  дзырдæуы,   цæмæй   уырыссаг  банктæ  нæ  пайда кæндзысты  сæ  хызагæй  æмæ  компанийы  картæтæ, Уæрæсæй  фæсарæнты,  æмæ Уæрæсейы  мидæгæй  дуканиты  æмæ  банкоматты   нал  кусдзысты.

Компанийы фидиуæнæй,   уынаффæ  уыдис ист «цæугæ конфликты  прецедент цæмæй  нæй  ахæм равгы æмæ  æбæрæг  экономикон уавæры тыххæй».Уæрæсейы сæрмгаонд куыст фæурæды уынаффæ  рахаста  «Виза» дæр. Финансон  компанийы  хъусын кæнынц, цæмæй   æввахс  бонты Уæрæсейы  лæвæрд «Виза»-ы  картæтæ  нал кусдзысты бæстæйыæддæйæ æмæ   Уæрæсейы  арæнты æддæйæ   финансон   институтты лæвæрд  кæцыфæнды» визæ» картæ нал кусдзæн Уæрæсейы  Федерацийы.

Компанийы   директоры  фидиуæнæй,  уынаффæ, Украинамæ Уæрæсейы  лæбурды  æмæ   нæрайсгæ  архæйдтыты  тыххæй рахастой.