Банкъыты ассоциаци пайдагæнджыты фæдзæхсы киберфæлывдмидзинады тыххæй
Банкъыты ассоциаци пайдагæнджыты фæдзæхсы киберфæлывдмидзинады тыххæй. Ассоциацийы информацийæ, фæстаг периоды киберфæлывдмидзинады цалдæр цау сфиксир ис, кæцы пайдагæнджытæн зиан æрхаста.
Ассоциацийы информацийæ, киберфæлывдмидзинады иуæй-иу сеппæтæй ахæлиугонд формæ у «фишинг».
Организаци фыдракæндæй хи бахъахъхъæнынæн пайдагæнджытæн дæтты рекомендацитæ.
Ассоциаци æмбарын кæны цæмæ «фишинг» у киберфыдракæнды формæ, кæцыйы нысан у сайгæ интернет пайдагæнæгæй персоналон бæрæггæнæнтæ адавын. Дæнцæн, киберфæлывдмигæнджытæ аразынц компаниты мæнг, тынг æнгæс веб-сайттæ æмæ архайынц пайдагæнджыты сайдæй, ныффыссын кæнын сæ бæрæггæнæнтæ кæнæ та сæ номæй арвитынц элекктронон постытæ, кæцыты мидæг пайдагæнджытæй курынц ныффыссын персоналон ратгæтæ ( пароль, картæйы номыр æмæ а.д.). Уый тыххæй иттæг нысаниуæгджын у пайдагæнæг бæрæггæнæнтæ ныффыссыны размæ, сайты адриссбæрæг кæна æмæ базона цææмæй уый æцæгдæр у банкы веб-фарсыл. Æндæр цауы та, картæйы тыххæй информаци фæлывдмигæнджыты къухтæм бафтдзæн.
Фылдæр коммуникаци æххæст цæуы компанийы номы æнгæс номæй, электронон посты кæнæ социалон хызаджы руаджы.
«Уый тыххæй цæмæй уæхи бахизат фæнысангонд фæлывдмидзинадæй: ма ныффыссут сæрмагонд информаци гуырысхойаг веб-сайттыл. Ма баууæндут е-мейлтыл кæцытæ уæ хисæрмагонд информацийы кæнæ банкон детæлттæ ныффыссын домы. Уæ банк никуы уæ æркурдзæн сенситивон информаци раттын электронон посты фæрцы. Уæ зæрдыл дарут, цæмæй банкæй райсгæ смс-къодтæ, кæцытæй пайда кæнынц авторизацийы рæстæджы, ныффыссат æрмæстдæр банкы интернет банкингы адрисыл. Сæрмагонд информацийы, дæнцæн картæйы бæрæггæнæнты интернеты ныффыссыны рæстæджы, кæддæридæр лæмбынæг кæсут цææмй æгæдæр стут раст адрисыл æви нæ. Сбæрæг кæнут веб-фарсы адрис. Уæ зæрдыл дарут, мæнг веб-сайты адрис, гæнæн ис тынг æнгæс уа оргигиналимæ æмæ йæм ивд уа æрмæст иу кæнæ цалдæр символ» – банысан кодтой ассоциацийы æмæ æмбарын кæнынц, цæмæй пайдагæнджытæ ма хъуамæ баууæндой хъусинæгтыл, кæцытæ сæ уайтагъд домынц искæцы хуызы архайд сæххæст кæнын» – хъусын кæны ассоциаци.
Организацийы информацийæ, куыд уаг, кибер-фыдгæнæг, пайдагæнджытæн дзæбæх бæрæг имиджы фæрцы архайы асайын, уый тыххæй цыфæнды транзакцийы сæххæст кæныны онг, хъуамæ абæрæг уа алцыппæт, цыдæриддæр гуырысхойаг фæкæсдзæн.