Бангладешы æфсады  къухдариуæггæнæг  хъусын кæны, цæмæй бæстæйы  уыдзæн рæстæгмæ хицауад
Бангладешы æфсады къухдариуæггæнæг хъусын кæны, цæмæй бæстæйы уыдзæн рæстæгмæ хицауад

Бангладешы æфсады  сæргълæууæгы  Вакер-Уз-Заманы   фидиуæнæй, бæстæйы  рæстæгмæ  хицауад уыдзæн.

Телеуынынадон сидты  рæстæджы  Бангладешы   æфсæддон бæрзонд гæс банысан кодта, цæмæй бæстæйы  президенты  Мохаммед Шахабуддинимæ фембæлдзæн  æмæ дзырд уызæн  проблемæйы   аскуддзагыл.

Бангладешы  æфсады  къухдариуæггæнæн  афтæдæр  загъта, цæмæй   нырид  фæныхас кодта   оппозицион политикон партиты  минæвæрттимæ.

Ацы рæстæгмæ  нæу бæрæг, чи къухдаируæг кæндзæн  бæстæйы рæстæгмæ хицауадæн.  Параллелонæй   хæлиу кæны  информаци, ома протестон акцийы  хайдаисджытæ   Бангладешы   премьер-министры  администрацийы  бæстыхай  бастъыгъдтой.

Уæвæг информацийæ, Бангладешы  премьер-министр  Шейх Хасина   йæ  куыстæй  йæхи суæгъд кæныны æмæ бæстæ ныууадзыны фæстæ Индимæ ныццыд.