Бамбергы прокуррор – Германийы барадхъахъхъæнæг оргæнты номæй, арфæ кæнын Гуырдзыстонæн иумæйаг фæдагурæн архйдтыты рæстæджы æххуыс æмæ фарсхæцыны тыххæй
Германийы барадхъахъхъæнæг оргæнтæ цæттæ стæм, фидæны дæр, куыд бахъæудзæн афтæ баххуыс кæнæм Гуырдзыстоны прокуратурæйæн, пъæлицæйæн æмæ æндæр компетентон оргæнтæн – уый фæдыл Бамбергы генералон прокуратурæйы хистæр прокуррор Нино Голдберг Гуырдзыстоны генералон прокуратурæйы ацæугæ брифингыл раæхъусын кодта.
Афтæма йæ дзырдæй, Бамбергы æмæ Дрездены генералон прокуратурæ нырид азты дæргъы, Германийы пъæлицæйы уагдæттимæ иумæ, æндæр æмæ æндæр типы фæдагурæн мадзæлттæ æххæст кæнынц киберфыдракæнды сферæйы организацигонд фыдракæнды ныхмæ, афтæма æхсæнадæмон фыдгæнæгон хызæгтимæ æмæ фæлывдми платформæты фæдыл.
«Ацы æрдгæй æнгом æхсæнадæмон æмгуыстад у æнæфевгъуийгæ. Бæрæг у, цæмæй ацы фæдагурæн архæйдтыты фæлгæтты, куыд Гуырдзыстоны афтæ æндæр бæстæты дæр нырма фæдагуырд нæ фæцис. Бирæ хатт банысани, цæмæй бацагуырд æмæ ист сты бæлвырдгæнæнтæ, бæрæггæнæнтæ æмæ алы æрдгæй сæххæст фæдæвзарæн архæйдтытæ. Уымæн ма ноджы бирæ мæй бахъæудзæни. Мах куыд Гермнаийы барадхъахъхъæнæг оргæнтæ, пъæлицæй, цæттæ стæм, фидæны дæр цы фæнды формæйæ баххуыс кæнæм Гуырдзыстоны прокуратурæйæн, пъæлицæйæн æмæ æндæр компетентоноргæнтæн. Ноджы иу хатт стыр бузныг уын ацы тынг æнтыстджын æмгуыстады тыххæй», – райхъусын кодта Нино Голдберг.
Гуырдзыстоны прокуратурæ, авд бæстæйы минæвæртты æмхайадæй, æртæ бæстæйы территорийыл, колл-центртæй цы хонынц, уыимæ баст транснационалон фыдракæнд раргом кодта.