Балцы фæдыл журнал «The Culturetrip» кæсджытæн амоны Тбилисмæ балц
Балцы фæдыл журнал «The Culturetrip» ног коронавирусы пандемийы фæуды фæстæ, кæсджытæн Тбилис æмæ Европæйы фондз горæтмæ балц кæнын амоны.
Фæнысангонд журналы публикацигонд статийы фæдыл информацийы, Гуырдзыстоны туризмы националон администраци публикаци кæны.
Статийы сæргондæй – After Coronavirus: The Lesser-Known European Cities To Visit, журналист Жозефин Платт, Готтенбергимæ, Белградимæ, Тиранаимæ, Гданск æмæ Корбодаимæ иумæ, Гуырдзыстоны сæйраг горæты кой кæны.
Статий Тбилисæй райдыдта.
«Тбилисæн ис уникалон географион æмæ культурон равæрд. Културæ ацы горæты историимæ æмæ прогрессимæ дзуарæвæрд у. Тбилис хицæн кæны советтон, модернистон бæстыхæйттæй, аргъуантæй æмæ астæу æнусты фидæрттæй. Уый у инновацийы горæт, кæцыйы иу кæнынц аивады æмæ модæйы сценæтæ. Уый та фæстаг азты тынг бандæвдта глобалон модæмæ. Тбилисæй бирæ дизайнер æмæ æлхæнæг бацымидис кодта», – банысангонд у публикацийы.
Статийы автор кæсджытæн амоны, Димитри Шеварднадзейы номыл националон галерейы æмæ Гуырдзыстоны нывгæнæгон аивады музей фенын, афтæма сондоны абанæтæм фæуазæг уын, хæринæгтæй та, «хачъапурийы» басгарын амоны.
Балцы фæдыл журнал «The Culturetrip»-æн æрвылмæйонæй æппæт дунейы 20 милуанæй филдæр кæсæг ис.