Бакурианы Къохтайы фæзыл къахдзоныгътыл бырыны фæзуат байгом уыдзæн 20-æм декабры, Гудауры, Местиайы æмæ Годердзийы курортты канаткæтæ та 27-æм декабрæй хъуамæ скусой
Гуырдзыстоны экономикæйы æмæ æнæфæцудгæ размæцыды министрады хæххон фæндæгты агентад (МТА) 20-æм декабры Бакурианы Кохтайы къахдзоныгътыл бырыны фæзуат байгом кæндзæн.
Хæххон фæндæгты агентады парахатгонд информацийы куыд ис фыст, афтæмæй канаткæ æмæ Къохтайы платойы бырыны фæндаг æрвылбон 10:00 сахатæй 17:00 сахаты онг кусдзæн.
Уымæй уæлдай ма, уагдоны сидынц, цæмæй Дидвели æмæ Митарбийы фæзуæтты активонæй цæуынц искусственон митуарды куыстытæ æмæ гом кæнын плангонд у 27-æм декабрæй. Гудаури, Местия æмæ Годердзийы курорттæм та цы хауы, канаткæтæ 27-æм декабрæй скусын кæнын плангонд у.
Уагдоны информацийæ, Бакурианы къахдзоныгътыл бырыны билетты балхæнæн уыдзæн 20 декабрæй æрмæстдæр курорты Къохтайы кассæйы, онлайн билетты уæй кæнын та райдайдзæн 23 декабры æмæ уыдзæн æлхæнæн ахæм куырдиæттæ æмæ веб-фарсытæй: TKT.GE, BILETEBI.GE, SKIPASS.GE, афтæ ма MOUNT App æмæ Super App.