Багебийы, студентон сахары территорийыл цæрджытæн, кæцытæн нæй лигъдоны статус, сæ фæзуаттæ сбæлвырд уыдзысты
Багебийы, студентон сахары территорийыл цæрджытæн, кæцытæн нæй лигъдоны статус, сæ фæзуаттæ сбæлвырд уыдзысты

Тбилисы меры   Каха Каладзейы  информацийæ,   Багебийы,    раздæры студентон сахары  корпусты  цæрæг   зæгъæн ис  100 хæдзары бинонтæн, кæцытæм нæй  тыхбын бынативгæты  статус,  мериа сæ  цæрæн фæзуаттæ   закъонмæ гæсгæ  сфидар кæндзæн.

Уый фæдыл   Тбилисы мер   фехъсын кодта журналисттæн.

«Мах кусæм   закъонмæ гæсгæ  сбæлвырд кæныныл,  гамгеоба  процесс  ныридæгæн райдыдта.   Зæгъæн ис 100 бинонтæ сты,  кæцытæм нæй   тыхбын бынативгæты статус  æмæ   цæрынц  ацы конкретон   бæстыхæйтты,  уыдонæн тагъд цæ фæзуаттæ сбæлвырд кæндзыстæм.  Куырдиат  нæм æрбацыд,  куыст раыйдыдтам æмæ   проект æнæмæнгæй сæххæст уыдзæн» – сæйраг сахары мер.