Бæрæгбойнон церемонийы фæлгæтты, къайады æвдисæндаримæ иумæ, алы ног къаймæ лæвæрд æрцæудзæн «Стайы цармдарæг»
Бæрæгбойнон церемонийы фæлгæтты, къайады æвдисæндаримæ иумæ, алы ног къаймæ лæвæрд æрцæудзæн «Стайы цармдарæг», куыд уарзондзинады, иузæрдыгдзинады æмæ æмсæрады символ, – уый фæдыл информаци хъусын кæны юстицийы министрад.
Юстицийы министр Тея Цъулукианийы инициативæйæ, Паддзахадон сервисты тынгады агентад, фидар кæны къайады регистрацийы ног стандарт.
«Юстицийы министрад æмæ Паддзахадон сервисты тынгады агентад сæндидзын кодтой незаманы гуырдзиаг традици, кæцымæ гæсгæйæ, ног чындзæн, йæ бинонтæ дзаумайæн дæттой «Стайы цармдарæгы» – аргъ кæмæн нæй, ахæм хæзна æмæ ног бинонтæн æнæмæнг атрибут.
Лæвар «Стайы цармдарæгы» экземпляр, ифтонггонд у номдзыд гуырдзиаг нывгæнæг Серго Кобуладзейы иллюстрацитæй», – дзырдæуы юстицийы министрады информацийы.