Бæрæг категорийы æмбæтсæгтæ гоймагы æвдисæндар, абонæй 2020 азы фыццаг ноябры онг æнæфидгæйæ райсдзысты
Гуырдзыстоны юстицийы министры инициативæйæ, æвзарæнон номхыгъд ноджы фæхуыздæр кæныны нысанæй, абонæй, бæрæг категорийы æмбæтсæгтæн гоймагы электронон æвдисæндары æнæфидгæйæ алæвæрд райдыдта.
Гуырдызстоны юстицийы министрады пресс-куысты информацийæ, акцийы нысан у æвзарæнон номхыгъдты фæхуыздæр кæнын, агентады бæрæггæнæнты базæты хæрзэхъæд скæнын æмæ æмбæстæгты нырыккон, æууæнкаг электронон документæй сифтонг кæнын. Æмбæстæгтæн акцийæ пайда кæнын æрмæст иу хатт у сæ бон. Уыдон уæгъд уыдзысты, куыд гоймагы æвдисæндары, афтæ – къам айсты фидтонæй. Фæндоны цауы, акцийæ пайда кæндзысты Гуырдзыстонгы æххæстаздзыд æмбæстæгтæ æмæ Гуырдзыстоны уыцы æмбæстæгтæ, кæцытыл 2021 азы фыццаг январы онг сыххæст уыдзæн 18 азы.
Уагдоны хъусинагæй, 2020 азы фыццаг ноябры онг гоймагы æвдисæндары æнæфидгæйæ райсын сæ бон уыдзæн гоймæгтæн, кæд æмæ:
- Сæ номыл 2019 азы 1 июлы онг Гуырдзыстоны æмбæстагы номыл гоймагы бæлвырдгæнæн иунæг документ дæр нæ уыд лæвæрд;
- Уыдонмæ лæвæрд гоймагы бæлвырдгæнæг алы документы 2019 азы 1 июлы онг æрцыд фæмацыгонд кæнæ фæмацы уыдзæн 2020 азы 1 ноябры онг;
- Гоймагы бæлвырдгæнæг документты къамтæ нæбæззон сты ( æвзæр гъæд) кæнæ бынтон нæй агентады бæрæггæнæнтæ электронон базæйы;
- Регистрацийæ сты ист, фæмацы сын кодтой гоймагы æвдисæндар æмæ акцийы фæлгæтты регистраци ацæудзысты корректон адрисыл;
- Æнæадрис сты регистрацигонд, ис сæм фæмацыгонд æвдисæндар æмæ регистраци ацæудзысты конкретон адриыл;
- Регитсрацигонд сты оккупацигонд Гурдзыстоны территорийыл æмæ сæм нæй тыхыбын бынативгæ уæнгы статус, афтæма, фæмацы сын кодтой гоймагы æвдисæндар æмæ регистраци ацæудзысты Гуырдзыстоны кантролы дæлбар территорийыл уæвæг конкретон адрисыл.
«Фæстаг фондз азы дæргъы гоймагы электронон æвдисæндар 3 020 000-æй фылдæр æмбæстагмæ æрцыд лæвæрд, кæцы уый нысан кæны, цæмæй потенцион æвзæрстгæнджыты базæтæ, нысаниуæгджынæй фæхуыздæр сты. Уым æртæ милуанæй фылдæр бæлвырд бæрæггæнæн ис. Уыдонæй юстицийы министры инициативæйæ, 1 630000-ы онг гоймагы электронон æвдисæндар лæвæрд æрцыд æнæфидгæйæ, кæнæ уæлбарджын аргъæй», – хъусын кæнынц юстицийы министрады.
Цæугæ акцийæ спайда кæнын кæй фæнды уыцы æмбæстæгтæ, хъуамæ куырдиат бавдисой юстицийы хæдзæрттæм, паддзахадон сервисты райтынгы агентады территорион куыстмæ кæнæ æхсæнадон центртæм. Уæлæмхас информацийы райсын гæнæн ис паддзахадон сервисты тынгады агентады тæвд хаххыл: 32 2 40 10 10.
Гуырдзыстоны юстицийы министрады ноджы иу хатт банысан кодтой, цæмæй гоймагы электронон æвдисæндар, нырыккон, фæмæнг кæнын цæй гæнæн нæй, ахæм европаг стандартты документ у зæгъгæ.