Бæлццонласæн хæдтæхæджы катастрофæйы тыххæй, Азербайджаны 26-æм декабры хъыггæнæн бонæй расидтысты
Казахстаны бæлццæттæласæн хæдтæхæджы катастрофæйы тыххæй, 26-æм декабры Азербайджаны хъыггæнæн бонæй расидтысты. Æмбæлон уынаффæ бафыста президент Ильхам Алиев.
Уымæй дарддæр ма бардзырдмæ гæсгæ арæзт æрцыд Актауы авиакатастрофæйы фæдыл бæрæггæнæн паддзахадон къамис, кæцыйы уæнгтæ ныридæгæн æрцыдысты аварийы бынатмæ.
Азербайджаны генералон прокуратурæйы информацийæ, фæстаг бæрæггæнæнтæм гæсгæ, пассажирон лайнеры 67 бæлццонæй 32 авиакатастрофæйæ аирвæзтысты. Цæфгондтæй иуæй-иуты уавæр уæззау у. Сты реанимацийы.
Азербайджаны авиакомпанийы хæдтæхæджы бортыл æнæхъæнæй 67 адæймаг уыд, се æхсæн 62 бæлццон æмæ экипажы фондз уæнг.
Авиалайнер тахт Бакуйæ горæт Грознамæ, фæлæ йæ курс аивтой. Уый Актауы аэропортæй æртæ километры дæрддзæф æрхауд.
Казахстаны транспорты министрады бæрæггæнæнтæм гæсгæ, бортыл уыдысты Азербайджаны 37 æмбæстаг, Уæрæсейы 16 æмбæстаг, афтæ дæр Казахстаны æхсæз æмбæстаг æмæ Кыргызстаны æртæ æмбæстаг.
Президент Ильхам Алиевæн йæ бон нæ уыдзæн Санкт-Петербургы уагъдцæуæг саммиты архайын, бæлццæттæласæн хæдтæхæг «Азербайджаны авиакомпанийы» катастрофæйы тыххæй.
Азербайджаны президенты пресс-куысты информацийæ, Ильхам Алиев Бакумæ æрыздæхт.