Бадзырдты фасилитатор дипломаттæ иумæйаг куырдиат аразынц – абоны бадзырд у иуæй-иу æнцойгæнæн тæпп Гуырдзыстоны демокративон тынгады фæндагыл
Хицаугæнæг балы æмæ оппозицийы æхсæн ацæугæ бадзырдты фасилитатор дипломаттæ, иумæйаг куырдиат аразынц. Куырдиаты тексты публикаци кæны АИШ-ы минæварады пресс-куыст.
«Арфæ кæнæм политикон диалогы хайадисджытæн æнтыстджын бадзырд, кæцы иттæг нысаниуæгджын къахдзæф у Гуырдзыстоны политикон æрдзы деполяризацийы æмæ нормализацимæ æрцæуыны афæдзы кæронмæ пълангонд парламентон æвзæрстытæм цæттæдзинады процессы.
Абоны бадзыр йæ хъуыдыйы дары уый æмæ, æвзарæнон системæ 2020 азы æвзæрстытæм бындурæвæрд уыдзæн 120 пропорцион æмæ 30 мажоритарон мандатыл, æвзарæнон зылдты рæстаг райуæрстыл, иупроцентджын æвзарæнон барьерыл æмæ æхгæнæныл, кæцы ифтонг кæндзæн, цæмæй хъæлæсты 40 процентæй къаддæр кæцы парти райсдзæн, уымæн йæ бон ма бауа парламентон фылдæры хай саразын.
Разы стæм, цæмæй абоны бадзырд у иуæй-иу æнцойгæнæн цæджындз Гуырдзыстоны демокративон тынгады фæндагыл. Курæг стæм алы фарсæй, бакоммæ кæсæнт уымæ æмæ сифтонг кæнæнт ацы разыдзинады райст парламенты æмæ стæй йæ сыххæст Гуырдзыстоны – адæмы æмæ бæстæйы – пайдайæн» – дзырдæуы фасилитаторты иумæйаг куырдиаты.