Бацæттæ ис закъондæттæн ивындзинады проект, кæцы фадат дæтты рæстæгмæ арæнгонд автотраспортæй пайдайы бардæттæг гæххæтты æмгъуыды онг сног кæнынæн
Бацæттæ кодтой закъондæттæн ивындзинæдты проект,кæцы фадат дæтты рæстæгмæ арæнгонд автотраспортæй пайдайы бардæттæг гæххæтты æмгъуыды онг сног кæнынæн.
Æмбæлон ивæндзинæдтæ бюройы рабадтыл бавдыстой.
Проекты дзырдæуы, цæмæй административон æфхæрдæй ссæрибар уæвыны тыххæй – хæдтулгæ скъæрыны бар бауромыны тыххæй адæймагæн нæ хъæуы курдиат бадæттын æмбæлон органмæ кæнæ бæрнон кусæгмæ, æмæ административон æфхæрдæй ссæрибар кæнын хъуамæ æххæстгонд æрцæуа 2026 азы 1 февралы онг.
«Уæвæг статистикон бæрæггæнæнтæм гæсгæ, абоны бонмæ æдæппæт 35 445 шофыры бардæттæг гæххæттытæ æрурæдтой, сæ нымæцы: 18 310 нозты тыххæй, 1 134 фæндаггон фыдбылыз саразыны æмæ аварийы бынатæй ацæуыны тыххæй; 3 504 наркотиктæй пайда кæныны тыххæй; 781 баллтæ фæллад кæныны тыххæй; 27 уголовон тæрхон кæныны тыххæй; 11389 æндæр аххосæгтæм гæсгæ, уыцы нымæцы раздæры административон ивар кæй нæ бафыстой, уый тыххæй», — ис фыст проекты.