Азийы размæцыды банкъы президент, Къобы тунелы куыстытæ бабæрæг кодта
Азийы размæцыды банкъы президент, Къобы тунелы куыстытæ бабæрæг кодта
Гуырдзыстоны регионалон размæцыд æмæ инфраструкутрайы министр Ираклий Къерселадзе, финансты министр Лаша Хуцишвили æмæ Азийы размæцыды банкъ (ADB) президент Масацугу Асакава, Квешет-Къобы ног фæндагы проекты фæлгæтты 9 километрон куыстытимæ бынатыл базонгæ сты.
Гуырдзыстоны размцыд æмæ инфраструктурайы министрады информацимæ гæсгæ Квешет-Къобы фæндагы проект Азийы размæцыды (ADB) æмæ Европайы реконструкцийы æмæ размæцыды банкътимæ (EBRD)кредиты къухфысты фæлгæтты æххæст кæны, кæцыйы æнæхъæн аргъ 12 миллиард лари у.
Снысангонд тунелы 90% куыстытæ фесты. Уый Гуырдзыстоны алкæмæй даргъ тунел у, дунейы масштабæй та иуæй иу уникалон уыдзæн. Проекты фæлгæтты плангонд у Гудаурийы онг бацæуæн 5 километрон фæндаг æмæ туристон центры амад.