Азийы иуæй-иу бæстæтæй базайраджы импорты рæстæджы Ираны транзитон къæлидорæй пайда кæныны цауты тыххæй Гуырдзыстоны Национ Банк публикаци кæны фидиуæн
Азийы иуæй-иу бæстæтæй базайраджы импорты рæстæджы Ираны Исламон Республикæйы транзитон къæлидорæй пайда кæныны цауты тыххæй Гуырдзыстоны Национ Банк публикаци кæны фидиуæн.
«Фæстаг мæйты дæргъы «Ковид-19»-ы пандемийы тыххæй нысаниуæгджынæй райрæзгæ транспортон хардзтæ фæкъаддæр кæныны нысанæн, Азийы иуæй-иу бæстæтæй базайраджы импорты рæстæджы Ираны Исламон Республикæйы транзитон къæлидорæй пайда кæныны цаутæ сфиксир ис. Ираны ныхмæ АИШ-ы æххæстмасштабон санкциты архайды уавæрты, Ираны Исламон Республикæимæ кæнæ/æмæ ирайнаг базайрагимæ комкоммæ/фæрссаг баст банкон транзакцитæ, уый нымæцы Ираны территорийы уылты кæнæ Ираны регистрацигонд транспортон фæрæзтæй (уæлдæфон, ленджызон, сурзæххон, æфсæнвæндагон) уаргъты транспортациимæ баст банкон бахыгъд гæнæн ис, АИШ-ы æрдгæй фидаргонд æхсæнадæмон санкциты хæлдыл нымад æрцæуа. Ахæм бадзырдтæ, банкон секторы корреспондентон ахастыты фæлгæтты, фæсарæйнаг валютæйы бæстæйы æддæ транзакцитæ сæххæсты фæкуылымпыйы риск æвзæрын кæнынц.
АИШ-ы фидаргонд æхсæнадæмон санкциты доментæ хъахъхъæды нысанæн, коммерцион банктæ хæсджын сты, Иранимæ баст гоймæгты ныхмæ ауадзой фидар превентивон мадзæлттæ, афтæма сæххæст кæной Иранимæ баст транзакциты лæмбынæг мониторинг æмæ санкциты халыны рискы фæбæрæгы цауы, ахæм типы транзакцитæ ма сæххæст кæной.
Национ Банкы æмæ коммерцион банкты бастдзинадæй бакуыстæуыд уагæвæрд, кæцыйы деталонæй бæлвырд сты уыцы домæнтæ, кæцыты бахъахъхъæд, банкты æрдгæй æхсæнадæмон санкциты домæнты халыны рискытæ нысаниуæгджынæй фæкъаддæр кæндзæн. Фæнысангонд документы сæххæст кæнын, æнæмæнгхъæугæ уыдзæн алы коммерцион банкæн æмæ йæ нысан у æхсæнадæмон корреспондентон ахастытимæ баст рискытæ фæкаддæр кæнын æмæ санкциты режимимæ æмбæлондзинад. Бафтаудзыстæм ма, цæмæй коммерцион банктæм ис бар, сæ мид политикæ-процедурæтæм æмбæлгæйæ, ноджы карздæр контролы механизмтæй бацархайын», – банысангонд у Национ Банкы фидиуæны.